Ламидæттæй тæссаг кæй у, уый аххосæй Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæм бацæуæны бар нæй. Æнтæф бонты аххосæй Зæйгæлæны цъæйыл æууæнк нæй. Æнæнхъæлæджы уавæрты фæдыл сæрмагонд къамис уынаффæ рахаста бæлццæтты æдасдзинадæн хæдтулгæты цыд уыцы фæндагыл бауромын. Джимарайæ æхсæрдзæнтæм къахвæндаг дæр фистæгдзæуджытæн уыдзæн æхгæд.
Уыцы уавæр, кæй зæгъын æй хъæуы бынæттон цæрджыты тыхсын кæны. Фæлæ специалистты ныхæстæм гæсгæ, катай кæнын нæ хъæуы. Хъолайы зæй у каровый кæй хонынц, ахæм. Дæлвæзмæ, кæнæ коммæ æрцæуынæй йын тас нæу. Дзаг у æрмæст 30%. Хæстæгдæр 20 азмæ кæй нæ батыхсын кæндзæн, уымæй специалисттæ зæрдæ æвæрынц.