Æвзарæн кампанийы тыххæй дзырдтой сæрмагонд æмбырды. Уый фæдыл республикæмæ ссыд адæмы барты фæдыл Мæскуыйы бюройы директор Александр Брод. Æхсæнадон кусæг Ирыстоны ис фыццаг хатт. Бартæ хъахъхъæнæг æркаст цæстдарджыты куыд ахуыр кæнынц, уымæ.
Александр Брод фембæлд эксперттимæ, федта территориалон æвзарæн къамисы хайадтæ. Уазæгимæ фембæлд республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Дзырдтой цæмæй цæстфæлдахæн митæн æвзæрстыты рæстæг бынат ма уа. Уый тыххæй снысан кæндзысты сæрмагонд мадзæлттæ.
















