preloader
сейчас в эфире
02:31
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
02:40
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (7-АЯ СЕРИЯ) 16+
03:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
close

Ленинграды блокадæйы номарæн акци

29.01.2018 17:15

27-æм январы сбæрæг кодтой Ленинграды блокадæйæ ссæрибар уæвыны бон.

Бирæ туг фæкалд уыцы хæсты æмæ уæлахизы бонмæ бирæтæ нал фæцардысты. Æмæ кæд 9-æм майы бон иууылдæр зонынц, уæд ацы историон цау алчи, хъыгагæн, йæ зæрдыл нæ дары. Сæ рухс нæмттæ рох хъуамæ ма уой. Æнæзæгъгæ æфхæрд чи баййæфта, йæхи цæстæй блокадæ чи федта, уыдоны бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд.

Ацы гæххæттæ `вæрд сты 1941 азæй нырмæ, зæгъы Галина Семенюк. Уыцы `ххормаг рæстæг, йæ тарф фынæйы дæр нæ ферох кæндзæн. Цыди йыл æрмæстдæр 3 азы, фашисттæ Ленинград куы бацахстой, уæд. 900 тыхст боны арвыста Галинæ йæ хистæр хо æмæ мадимæ. Сæ цард æндахыл ауыгъд уыдис рæмудзæн æрмæджыты бын. 27 январь та кæддæриддæр нымайдзæн йæ райгуырды дыккаг боныл.

«Бæрæг кæнын æрмæстдæр 9 май æмæ 27 январь. Ног аз, кæнæ та мæ гуырæн бон нæ фæбæрæг кæнын, ацы дыууæ боны та никуы ферох кæндзынæн», — загъы блокадæйы уæвæг Галина Семенюк.

Сæрибары бон Галинæ сбæрæг кæны йæ хорз мбалимæ. Уый дæр, амынæты чи фæцис, ахæм – Галина Полтарацкая. Се стъолыл алы хатт – сау дзул. Дыууæйæн дæр нал баззад нæдæр ныййырджытæ, нæдæр бинонтæ, нæдæр цот. Сæ ивгъуыды алы бон дæр — æвзæр фынау. Хиуæтты мæлæт, бомбæты гыбар-гыбур, æххормаг рæстæджытæ, дæрæн хæдзæрттæ æмæ… æнæкæрон рад дзулмæ. Алы бон дæр — тасæмхæццæ.

«Цыдис мыл 3 азы. Кæй зæгъын æй хъæуы æмæ ницы хъуыды кæнын. Мæ мад иу госпитальмæ цыд. Хъæццулæй-иу мæ æрæмбæрзтта æмæ иу ацыд. Зонгæ дæр æй нæ кодта, куы `рцæуа, уæд ма `гас уыдзынæн æви нæ, уый. Æз та-иу хъæццулы бын дзулы хус къæбæртæ æууылдтон», — блокадæйы уæвæг Галина Полторацкая загъта.

Блокадæйы байгомимæ, Советон Æфсад райдыдта йæ уæлахизмæ фæндаг. Æмæ кæд 9 майы боны тыххæй иууылдæр зонынц, уæд Ленинграды цагъды бон дзæвгар адæмæй ферох. Уый фæбæрæг кодтой Æппæт уæрæсеон адæмон фронты раззагдæр архайджытæ, «Блокада Ленинграда в цифрах. Задумайся”, зæгъгæ, акци саразгæйæ. Базарадон центрты стъолтыл æвæрд æрцыдысты дзулы кæрдихтæ, Ленинграды блокадæйы рæстæг цæйас уыдысты, раст ахæмтæ.

Цалдæр мин адæймагæй нырмæ æгасæй баззадысты 11. Рацыд 74 азы. Алчидæр сæ дзулмæ кæсы цавæрдæр æнахуыр цæстæй — хуымæтæджы хойраг нæ, фæлæ цард кæй руаджы нæ бамынæг, ахæм. Блокадæйы 1 мæйы фæстæ дзулы бæрц фæкъаддæр 600 граммæй 125 граммæ. Дзулæй уæлдай ма — æрмæстдæр дон. 872 бонмæ амард 1 милуанæй фылдæр адæм. Ацы акци — сæ ном арынæн. Сарæзтой йæ фыццаг хатт. 2 мин адæймагæй дзы фылдæрæй бацархайдтой. Историон азфысты халæн аскъуыйæн нæй…

Пелиты Сабинæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Все рекомендуемое