Бæрæгбоны фæдыл ма республикæйы цæрджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид дæр. Йæ зæрдæ зæгъы Аланты зæххыл цæрæг адæмæн сабырдзинад, Ирыстоны зæххыл хæст куыд никуы уа.
Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид: «Мæ зынаргъ хотæ æмæ æфсымæртæ, Хуыцауæй фæдзæхст Аланийы цæрджытæ! Зæрдиаг арфæ уын кæнын Джеоргуыбайы бæрæгбоны фæдыл! Стыр хъизæмæрттæ `ййафæг Георгий – уæларвон зæд, æфсæддонты бардуаг. Аланты зæххыл æм кувынц рагфыдæлтæй нырмæ. Иры зæххыл Уæлахизхæссæджы номыл бирæ аргъуантæ сарæзтой. Йæ ном – Георгий та арæх сæвæрынц ноггуырдтыл. Хъæбатыр хæстон, Георгий тохы быдыры нæ фæмард, фæлæ йæ цард ратта Хуыцауыл кæй æууæндыд, уый тыххæй. Йæ ном айхъуыст æгас Европæйыл дæр. Уæлдай кадджын бынат бацахста, Аланты зæххыл цы зæдтæм куывтой, уыдоны `хсæн. Ацы къуыри алы хæдзары дæр кувдзысты æртыгай чъиритæй. Ахæм амонд не `ппæты дæр уæд, æмæ нæ хъуыдытæ Стыр Хуыцау куыд фехъуса. Аланты зæххыл сабырдзинад, хæлардзинад куыд уа. Джеоргуыбайы хорзæх нæ уæд! Уæлахизхæссæг Георгий Хуыцауæй нын хорздзинæттæ ракур!»
















