Цæцæны республикæйæ, Гуырдзыстонæй лыгъд адæмы æрбынæттон кодтой Тарскæйы зæронд скъолайы. Бæстыхай кæлæддзаг уавæры ис, нæй дзы дон, газ. Ахæм уавæрты дзы 14 бинонтæй цæрынц. Амонд сæм мидбылты бахуддзæн æмæ сын хуыздæр уавæртимæ цæрæн бынæттæ фæзындзæн æви нæ, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.
Ацы чысыл уаты адæм æхсæвиуат дæр кæнынц, хæргæ дæр, стæй ма дзы сæ уазджытыл æмбæлынц. Наургашвилиты бинонтæ дзы цæрынц 10 азæй фылдæр. Нæй дзы газ, дон, уæдæ дзы хъарм дæр нæу. Адæймаг цы уавæрты хъуамæ цæра, ахæмæй дзы ницы ис. Зарæ Наургашвили йе `нæниздзинады тыххæй нæ кусы, йæ фырт Рустамыл цæуы 13 азы. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ сæм хатт хæринаг дæр нæ вæййы.
Зара Наургашвили: «Мæ сывæллонæн мæ хæринаг хъæуы, уæлæдарæс, йæ къæхтæн – дзабыртæ. Цы кæнон, уый нæ зонын, мæ сæр ницы ахсы».
Наургашвилиты бинонтæ Цæгат Ирыстонмæ æрцыдысты 20 азæй фылдæры размæ Цæцæны республикæйæ. Фыццаг цардысты Ногиры хъæугæрон, хæлддзаг фермæйы, фæстæдæр афтыдысты Тарскæмæ. Сæ бонтæ `рвитынц кæлæддзаг скъолайы, ныккæлынæй мæнæ-мæнæ чи кæны, ахæмы. Иунæгæй не сты, ис ма дзы 10 бинонтæ. Цæрынц, сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнгæйæ, адæмы `ххуысæй.
¤Журнал «Наши дети»-йы сæйраг редактор Мæрзахъулты Элинæ: «Æнæхъæн уæзласæн машинæ æрæмбырд кодтам, тынг бирæ фæлмæнзæрдæ адæм æрбалæууыд нæ фарсмæ. Ардæм куы `рцыдыстæм, уæд уавæр уыдис ноджы `взæрдæр, куыд ын æнхъæл уыдыстæм, уымæй. Æнахъом сабитæ – нæ алыварс, цыдæр æрдæгкæндтытæ, нæ алыварс амондджын цæстытимæ ратæх-батæх систой, æмбæрстой йæ, æххуысмæ сæм кæй æрцыдыстæм, уый».
Иугай æххуыстæ сын сæ цард нæ сараздзысты. Хъæуы сæ фатертæ. Гæххæттытæ сæм куы нæ уа, уæд сын æй ничи ратдзæн. уыдон та сæ къухы не сты. Сæ паспорттæ нал бæззынц, нæй сæм медицинон полистæ дæр. Миграцион хъуыддæгты фæдыл разамынды куыд зæгъыгц, афтæмæй ахæмтæ республикæйы ис, йæ цæрæнбынатæй æнæбары чи сыстад, ахæм 5 минæй фылдæр адæймаджы. Уыдон, уыцы ном чи райста, ахæмтæ сты. Зæронд скъолайы чи цæры, уыцы адæмæн сæ уавæр закъонады `гъдауæй ноджы карздæр у. Фыццаг уал сæ хъæуы сæ царды барадон фæтк сбæлвырд кæнын, хицæн паддзахады граждантæ суæвын.
¤Мидхъуыддæгты министрады миграцион разамынды хайады сæргълæууæг Цæруаты Зæлинæ: «Федералон закъон куыд амоны, афтæмæй Уæрæсемæ 2002-æм азы 1-æм ноября разæй æрцæуджытæ æмæ æдзух цæрджытæн сæ бон у гæххæттытæ хуымæтæгдæр хуызы райсын. Уый тыххæй сæ хъæуы, æцæгæйдæр уыцы `мгъуыды размæ кæй æрцыдысты Уæрæсемæ, уый сбæлвырд кæнын æмæ курдиат бадæттын, цæмæй суой Уæрæсейы граждантæ».
Уазал цæмæн у, уый бæлвырд у. Рудзгуытыл æвгты бæсты – целлофан цъæрттæ Хъарм ран уæвын – сæ бæллицты хуыздæр. Сæрдыгон дæр уымæл æмæ сатæг кæм у, ахæм къулты `хсæн цæргæйæ. Бинонтæ Гуырдзыстонæй ралыгъдысты 1991-æм азы. Уæд сын радтой æнæбары сыстæг адæмы ном дæр. 2003-æм азы Засешвилитæ слæууыдысты рады æхцайы сертификаттæм. Æртæ азы фæстæ сæ æндæр радмæ бахастой – хъуамæ сын радтаиккой цæрæнуæтты сертификаттæ. Майæ уæдæй фæстæмæ æнхъæлмæ кæсы йæ фатеры дуар бакæнынмæ. Сылгоймаг уал азмæ уæззау рынчын фæцис, раиртæстой йæм онкологон низ. Арæзтады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй цæрæнуæтты сертификаттæм республикæйы æнхъæлмæ кæсныц 1610 бинонтæ. 280 дзы ацы азмæ райстой сæ фатертæ. Афæдзы кæронмæ ма сыл иу-уыйбæрц бафтдзæн. Æнæ радæй сæ бон кæмæн у сертификаттæ радтын, ахæм бартæ дæр, специалистты ныхасмæ гæсгæ, иуæй-иутæн ис.¤¤
Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бититы Роман: «Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады 2012-æм азы 29-æм ноябры уагъд бардзырдмæ гæсгæ адæймагæн ис ахæм бар, кæд æмæ уæззау рынчын уа, уæд. Низты сæрмагонд номхыгъдмæ гæсгæ, хъуамæ сæйгæ адæймаг цæра аккаг уавæрты. Уыцы домæн сын фадат дæтты сертификат æнæ радæй райсынæн».
Ацы æмæ ма æндæр бинонтæн баххуыс кæнынмæ цæттæ сты адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг управленийы. Куыд зæгъынц, афтæмæй хатт хъуыддаг банывыл кæнынæн фæхъæуы æрмæст хæрзчысыл цыдæр – закъæттæ æмæ гæнæнтæ зонын. Сæ бон у бинонтæн уыдæттæ бæстондæрæй радзурын. Сæ уавæрмæ сын кæй æркæсдзысты, уымæй дзырд дæттынц.
















