Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдар Алексей Мачнев фембæлд нæ республикæйы медицинæйы къабазы чи кусы, уыцы бирæсывæллонджын сылгоймæгтимæ.
Ивгъуыд бæрæгбоны фæдыл сын ракодта арфæйы ныхæстæ. Парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ мады фыдæбонæн аргъ нæй. Уæлдайдæр та, ахæм бæрнон куысты архайгæйæ бирæ сывæллæттæ схъомыл кæнын стыр сгуыхтдзинадыл банымайæн ис. Фембæлды æрæмбырд сты алы районты минæвæрттæ.
Схорзæхджын сæ кодтой кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.Æдæппæтæй кады гæххæттытæ райстой 20 бирæсывæллонджын сылгоймагы.
















