Нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Джанайты Барис Уæлахизы боны агъоммæ дидинджытæ сæвæрдта Советон Цæдисы хъæбатыртæ æмæ нæ республикæйæ рацæуæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты ингæнтыл. Мадзалы ма архайдтой Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнгтæ, Уæрæсейы президенты цур нæ республикæйы æххæстбарджын минæварады кусджытæ, Мæскуыйы республикæйы фæсивæды минæварады уæнгтæ. Æрбацыдысты, Мæскуыйы чи ахуыр кæны, ахæм ирон студенттæ дæр. Дидинджытæ сæвæрдтой Новодевичий æмæ Троекуровы уæлмæрдты.
«Хъæбатырты нæмттæ æрымысыны фæтк Мæскуыйаг ирæттæн у вазыгджын æгъдау. Зæрдæ райы уымæй, æмæ æрвылаз дæр ацы мадзалы адæм зæрдæргъæвдæй бацархайынц. Уæлдайдæр æхсызгон уый у, æмæ фæсивæд нæ бæстæйы историмæ цыфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц», – РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Президенты цур Джанайты Барис.
















