Минутмæ быдыртæм хъуамæ сæдæ литры уæддæр ауадзай дон. Сойæ хусфæразон нæу æмæ йæ Мæздæджы æндæрхуызон никуыд æрзайын кæндзынæ. Донхорыггæнæн машинæмæ дон цæуы скважинæйæ. Уый дæр ам, зæхкусæгон-фермерон хæдзарады фæзуатыл ис. Ацы уалдзыгæнды тыллæг æрæмбырд кæндзысты сентябры кæрон.
Нырма та уал Мæздæджы районы комбайнтæ æмбырд кæнынц хъæбæрхор. Ацы фæззыгæнд фыццаг бафснайынц. 220 гектарыл тыд уыдис æмæ ма дзы 20% фæуагътой. Уый дæр хордонмæ хъæуы тагъд рæстæг, æмæ та быдыр ногæй бахуым кæндзысты.
Тыллæг хорз рауад æви нæ, уымæн хатдзæгтæ æрмæст фæззæджы скæндзысты. Ацы уалдзæджы дæргъы æрдз нæ къæвдатæ бавгъау кодта, нæ хур. Уый та зæхкусджыты зæрдæтæ æхсызгон бæрæггæнæнтыл дарын кæны. Ацы аз, кæдæй уæдæй, боныхъæд сæ фарс рахæцыд.
Республикæйы хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй фарон Цæгат Ирыстоны 150 мин гектарыл зæхкусджытæ æрæмбырд кодтой 550 мин тоннæйы бæрц хоры æмæ хорхъæдуры культурæтæ. Дзырдæн, фарон боныхъæд фермæрты бахъыгдардта.: тыхджын дымгæ, их æмæ хусрæстæг. Зæхкусджытæ афтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, нæ куыст сыгъдæг арвы бын ис, æмæ уый фæдыл нæ уавæр кæддæриддæр тæссаг у.
















