Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты арæзт æрцыд æрыгон ахуыргæндты æппæтадæмон скъола-конференци “Гуманитарон зонады нырыккон фарстатæ”.
Программæйы – лекцитæ, дæсныйад æвдисæн ахуыртæ, семинартæ, фембæлдтытæ. Уыимæ секцион æмбырдтытæ истори, этнографи, æвзагзонынад, литературæ, политологи, социологийы здæхтыты. Куысты архайынц æрыгон иртасджытæ, раззагдæр ахуыргæндтæ – нæ республикæйæ, Кæсæг-Балхъарæй, Дагестанæй, Цæцæнæй æмæ Хуссар Ирыстонæй кавказиртасджытæ.