Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та у Магкæты Тамарæ. Хойрæгтæй диссаджы хæринæгтæ куыд ис сцæттæ кæнæн æмæ алы хæринаджы аив бакастмæ æргом аздахын. Сылгоймаг профессийы ис 35 азы. Фыццаг ахуыртæй студентты æфтауы хæринаггæнæджы хуыздæр миниуджытыл. Бæлвырддæр не рмæджы.
Æвдисæнтæ агурын æмæ фыдракæндтæ æвзарыны бæсты хæринаггæнæджы уæлæдарæс æмæ æгæрон сфæлдыстад. Магкæты Тамарæйы сывæллонæй фæндыд криминалист суæвын. Йæхи цæттæ кодта юридикон факультетмæ, фæлæ фæстагмæ цæмæндæр равзæрста æндæр дæсныйад. Ныридæгæн 35 азы кусы хæринаггæнæг-технологæй.
Магкæты Тамарæ зоны професси бауарзын кæнын. Йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад хай кæны кæстæр фæлтæрæн. Адджинæгтæ кæныны сусæгдзинæдтæ базонын кæй фæнды, ахæм ахуырдзаутæ йын иу æмæ дыууæ не сты. Хуымæтæг рецептты дæр сæ фæфæнды эксперименттæ кæнын.
Канд ахуыртæй хъуыддаг нæ цæуы. Студенттæ уæгъд рæстæг æрбацæуынц ног рецепттимæ, цы айрох вæййы уыцы лыстæгдзинæдтæй ногæй афæрсынц. Фæсивæды сæ ахуыргæнæг дисы æфтауы. Зæгъынц, Тамара Зурабы чызг цыфæнды уавæры дæр ссардзæн раст ныхæстæ æмæ амынддзинæдтæ.
Райдай хойрæгтæй æмæ суанг стъолыл æрæвæрынмæ сты хæринаггæнæджы бæрны. Фыццаг уроктæй ууыл ахуыр кæны Магкæты Тамарæ. Сыгъдæгдзинад æмæ хи дарыны уаг куысты бынаты у сæйрагдæр. Æнæмæнг, алы хæринаггæнæгмæ дæр хъуамæ уа йæхи кард.
Кæрдтæ цыргъ сты, хæринæгтæ — хæрзад. Уыцы хæринæгтæн уæлдай аргъ кæны Тамарæ дæр. Ахуыр кæнгæйæ фылдæр æргом здахы французаг скъоламæ. Афтæ йæ хъомылгæнинæгты æфтауы хуыздæр миниуджытыл. Дæнцæгæн сын хæссы хуыздæр шеф-пъовырты.
















