Йæ дæсныйадæн балæвар кодта йæ царды хуыздæр азтæ. Математикæйæ уæлдай ма Дзыгасты Розæйы зæрдæйы арф бынат ахсы поэзи дæр. Æрæджы педагог æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта акростихы хуызы. Уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл йæ уацмысты æвдисы йæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, чиныгкæсджыты зонгæ кæны хъуыстгонд адæмимæ, йæ зонындзинæдтимæ. Сылгоймагимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.
Акростихи – алы рæнхъы фыццаг дамгътæй дзырд куы рауайы, уый. Ацы архайд сæ æнцонтæй нæу. Математикæйы ахуыргæнæг Дзыгасты Розæ аивадыл хæрз æрæджы фæцалх. Йæ уацмыстæ сты уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл фыст.
Дзыгасты Розæ математикæ æгæронæй уарзы, снывонд ын кодта йæ цард. Наукæты паддзахы амоны 50 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ йæ равзæрст дæсныйадыл никуы фæфæсмон кодта. Афæдзæй-афæдзмæ йæ студенттæн лæвар кæны йæ уды фæлмæндзинад æмæ адæймаджы хуыздæр миниуджытæ.
Дзыгасты Розæ райгуырд Ставд-Дурты. Уырдыгæй йæ рарвыстой математикæйы педагогыл ахуыр кæнынмæ, уæд хъæуы ахуыргæнджытæ нæ фаг кодта.
Сылгоймаг ахуыргæнæг кæй суыдзæн уый сабийæ фæстæмæ уыд бæрæг. Афæдзы гуылы гауызыл цы дзауматæ равæрынц, уыдонæй дæр пъеро æмæ чернилæ равзæрста. Ныййарджытæ йæ уыдтой чызг сфæлдыстадон здæхт кæй у, уый. Фæлæ Розæ йæ фыццаг æмдзæвгæ уæззау цауы фæстæ ныффыста.
Уæлдай æхсызгонæй йæ рæнхъыты равдисы Цæгат Ирыстоны æрдзмæ уарзондзинад, сæрыстырæй дзуры йæ Райгуырæн зæххæй рацæугæ хъуыстгонд адæмы тыххæй. Розæ йæ ахуырдзаутæн дæр бирæ æмдзæвгæтæ балæвар кодта. Колледжы нымад æмæ буц хистæр. Йæ зæрдæйы уыцы иу рæстæг бынат ис бæлвырд наукæтæн æмæ аивадмæ уарзондзинадæн.
















