preloader
сейчас в эфире
07:22
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
Смотрите Далее
07:45
МУЗЫКÆ 12+
08:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
08:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
08:45
МУЗЫКÆ +
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
close

Мольеры пьесæ “Мизантроп” фыццаг хатт равдисдзысты Ирон театры сценæйыл

12.11.2024 13:27

Мольеры хъайтартæ иронау сдзырдтой драматург æмæ тæлмацгæнæг Кокайты Тотрадзы фæрцы.

Чызджы зæрдæ — Альцесты ‘рдæм, йæхæдæг та Селименæйы уарзы. Йæ ролы — Гæбуты Жаннæ. Уый у хъæлдзæг, цардæй йæ мондæгтæ чи исы, ахæм чызг. Уæдæ йын уарзæттæ дæр бирæ ис æмæ йын уый хыгъд Альцест уайдзæф кæны.

Мольеры сфæлдыстад æппæт дунейы дæр зындгонд у. Йæ комедиты æхсæнады хъæндзинæдтæ ирд ахорæнтæй æвæрд сты. “Мизантропыл” Битарты Алыксандр сæмбæлд студент ма куы уыди, уæд. Зындгонд французаг театр æй Мæскуымæ æрласта. Уæдæй нырмæ 22 азы рацыд, фæлæ режиссермæ цы ‘нкъарæнтæ сæвзæрын кодта, уыдон æй абон дæр рох не сты.

Уымæн æмæ Альцест æхсæнады хъæндзинæдтæм куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы, семæ нæ разы кæны, карзæй сыл дзуры — мизантроп. Йæ ролы — Мыртазты Тимур. Фыццаг сурæт йæ зæрдæмæ нæ фæцыди.

Ирон театры сценæйыл актер сæйраг ролы кæд фыццаг хатт хъазы, уæддæр аивадуарзджытæн уарзон æмæ зонгæ у. Цыбыр рæстæгмæ дæр æй æнæ бахъуыдыгæнгæ нæ фæуыдзæн адæймаг. Æмæ уый сценæмæ фыццаг хатт куы рахызт, уæдæй.

Францийы уддзæф фæхæстæгдæр костюмты ‘руаджы дæр. Сты дизайнер-модельер Гæбæраты Лизæйы æрхъуыдыгонд. Сценикон дарæс хуыйыны йæхи фыццаг хатт бафæлвæрдта спектакль “Челейы” рæстæг. Уæд 30 костюмы бахуыдта, ныр та — 15-æй фылдæр.

Мольеры хъайтартæ иронау сдзырдтой драматург æмæ тæлмацгæнæг Кокайты Тотрадзы фæрцы. Фæлæ сын сæ хицæн диалогтæ французаг æвзагыл ныууагътой.

Иуырдыгæй — риссаг фарстатæ, иннæрдыгæй — ирд æмæ хъæлдзæг сценæтæ. Премьерæ уыдзæн 16 ноябры.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое