Гугкайы-фырты номыл æмæ Московская уынгты тигъыл зæххы бынты ахизæнмæ базылдысты цыппар азы размæ. Саив æй кодтой. Уыдис дзы æфсæн дуæрттæ, къултæ керамогранитæй аивгонд, бындуронæй дзы баивтой электрон тыхы системæ. Уæдæ йæм горæты цæрджытæ дæр рагæй æнхъæлмæ кастысты.
Йæ сыгъдæгдзинадмæ йын адæм кастаиккой абон дæр, фæлæ, хъыгагæн, фыдгæнджытæ бавдæлдысты æмæ йын йæ рæсугъддзинад фехæлдтой. Йæ уавæрмæ йын кæсынц «СпецЭкоСервисы» кусджытæ. Дзæуджыхъæуы администраци ма иу-хатт сиды цæрджытæм æхсæнадон бынæттæ хъахъхъæнын æмæ дзы знаггад ма кæнын.
















