Нартыхъæуы скъолайы музейы цалцæг кæронмæ æрхæццæ. Æрæджы дæр ма бæстыхай ифтонггонд уыд хиконд стендтæ æмæ тæрхæджытæй. Рагон экспонаттæ та дардтой партæты сæр къоппыты æвæрдæй. Суанг ма дзы витринæтæ дæр нæ уыд. Агъуыстытæ хъуыд рацаразын. Ныртæккæ дзы алцыдæр ис. Уыимæ кусæнгæрзтæ дæр: интерактивон фæйнæг, принтер æмæ къамисæн. Ахуырдзаутæн сæ уæгъд рæстæг фадат ис сæ райгуырæн хъæуы истори хуыздæр базонынæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, майы мæй кусæндон æркаст “Знание”-йы бацахста фыццаг бынат æмæ райста преми милуан сомы.
















