“Уды фидардзинад бæрзонддæр кæнынæн”. Афтæ уыд йæ командировкæйы гæххæты фыст. Наталья Ракитянская æнæдызæрдыгæй фыццæгты æхсæн ацыд æфсæддон операцийы бынатмæ. 2022 азы апрелы сылгоймаг æрбацыд хæстонтæм Запорожьейы облæстмæ. Йæ сæйраг нысан уыд — æрвылбон йæ цардыл чи нæ ауæрды, уыдоны фарсмæ балæууын æмæ базонын, фылдæр сын цы нæ фаг кæны, уый.
Ныфсхаст зæрдæ æмæ Райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинад кæмæ ис, ахæм адæймаг. Сæрмагонд æфсæддон операцийæ бирæ раздæр снывонд кодта йæ цард Фыдыбæстæйæн. 20 азæй фылдæр йæ зонындзинæдтæ лæвæрдта 58 армийы 19 мотоæхсæг æфсæддон хайады салдæттæн. Æфсæддон-политикон цæттæдзинады инструктор уæвгæйæ, æрыгон хæстонты хъомыл кодта патриотизмы бындуртыл. Уыцы ахуыртæ сфидар кодтой æрмæст фидæны хъахъхъæнджыты нæ, фæлæ йæхи дæр.
Абон дæр Наталья дарддæр кæны бархионы куыст. Æрвиты гумантарон æххуыс, алы хатт дæр дæр æй йæхæдæг бахæццæ кæны. Уымæй уæлдай ма скъоладзаутæ æмæ студенттæн аразы лæгдзинады уроктæ. Уыдонæй иуы йемæ базонгæ Дзӕуджыхъӕуы паддзахадон бирӕвæрсыг техникумы ахуыргæнæг Цомайты Лаурæ. Фембæлд æй сразæнгард кодта радзырд ныффыссынмæ.
Афтæ фæзынд истори “Нельзя по другому”, зæгъгæ. Цомайты Луизæ радзырдта, Наталья цавæр уарзондзинадимæ æххуыс кæны æфсæддонтæн, уый. Бирæтæн сылгоймаг сси æппæты зынаргъ адæймаг. Уыцы эссе та бацыд паддзахадон фонд “Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ”-йы æппæтуæрæсеон конкурс “Памяти героев верны” æмбырдгондмæ.
Наталья Ракитянская у фидар удыхъæды хицау. Цыфæнды зындзинæдты дæр дарддæр æххуыс кæны тохы бынаты чи ис, уыцы хæстонтæн. Алкæмæн дæр сси куыд “æфсæддон мад”. Йæ хъарм ныхас æмæ фæлмæн зæрдæйæ сын лæвар кæны уæлахизы ныфс.
















