Дзæуджыхъæуы хъармгæнæн 7-15 номыримæ тæвд дæтты БАМ-ы фылдæр хайæн. Уый та у 250 хæдзары онг. Æмæ ма ноджы скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ æндæр ахсджиаг объекттæ. Йæ куыстæй аразгæ у горæты мингай цæрджытæн сезон куыд ацæудзæн, уый. Уымæ гæсгæ сæйраг цæттæгæнæн мадзæлттæ кæнынц развæлгъау – цалынмæ уазæлттæ нæ райдыдтой.
“Хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн – у егъау куыст. Мах сбæрæг кæнæм ифтонггад, ивæм хызæгтæ, кæнæм гидравликон фæлварæнтæ, аиуварс кæнæм æппæт къуылымпыдзинæдтæ. Сæйраг нысан – цæмæй республикæйы цæрджытæм зымæжæы уа хъарм”.
Сæрмагонд бæстыхайы дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Бæрæг кæнынц йæ уавæр, зымæгон рæстæг системæ скусын кæныны размæ æххæст кæнынц æппæт техникон фæлварæнтæ.
Мах стæм 7-15 сæрмагонд бæстыхайы, ныр дæн 1 хъармгæнæны. Ивæм зæронд электродтæ. Иуæй иу бынæтты сæ сыгъдæг кæнæм. Ацы датчик та бæрæг кæны мидæгæй дзы арт ис, æви нæй.
Куыст æрмæст ацы объекты нæ цæуы. Æдæппæтæй сезонмæ республикæйы цæттæ кæнынц 211 хъармгæнæны æмæ 49 сæйраг пункты. Специалисттæ зæрдæ бавæрдтой æппæт мадзæлттæ уазæлтты размæ фæуынæй. Фæлæ системæйы цæттæдзинад æрмæст хъармгæнæты куыстæй аразгæ нæу. Ахсджиаг у хæдзæртты цы хызæгтæ ис, уыдоны уавæр дæр. Сæрмагондæй сæ фæрцы тæвд цæуы фатертæм. .
“Бирæ хæдзæртты инженерон хызæгтæ дæсгай æзты нæ ивтой, цзæронд хæтæлтæн сæ бон у зымæджы ма бафæразой, цыфæнды састы тыххæй дæр хæдзармæ тæвд нал цæудзæн, æттаг хызæгтæ æмæ хъармгæнæнтæ цæттæ куы уой, уæддæр. Уый тыххæй разамындæттæг кампанитæ хъуамæ афойнадыл фæуой æппæт куыстытæ хæдзæртты хъармгæнæн сестемæты. Сезоны райдайæны размæ сæрмагонд инспекцийы домæнтæм гæсгæ сбæрæг кæны алы бирæфатерон хæдзар дæр, уый фæстæ ратты цæттæгæнæны паспорт.
Ацы аз специалисттæ фæнд кæнынц хъармгæнæн хызæгты æхсæз киллометры баивын – уый та фаронимæ абаргæйæ у дыууæ хатты фылдæр. Ног хæтæлтæ цæмæй ма сызгæ уой, уый тыххæй сæ байсæрстой сæрмагонд буаргъæдæй. Уый фæрцы фылдæр кусдзысты, асæттынæй тæссаг нал уыдзæн. Сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ сæ тæмæны бацыдысты, фæуыдзысты сæ фæззæджы райдианмæ.
















