Цæгат Ирыстоны национ телеуынынад кæй райдыдта кусын, уымæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты дард хъæуты цæрджытæ. Зæгъæм, Æрæфы районы Кæлухы хъæуы ис æрмæст 6 хæдзары. Ирон хабæрттæм кæсынæн фадат сын никуы уыд. Ныр уавæр фæхуыздæр. Хъæуы цæрджыты цинæн æвдисæн уыд нæ уацхæссæг Гæззаты Зæринæ.
Хъарм пец, фæлмæн диван æмæ уарзон чиныг къухты. Афтæ æрвиты йæ бонтæ Дзидзойты Венерæ. Пенсимæ куы рацыд, уæдæй фæстæ йæ хæдзарæй дарддæр никуыдæм цæуы. Ис æм телевизор фæлæ йæм сылгоймаг нæ фæкæсы. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы цымыдисаг ирон программæтæ нæй. Мадæлон æвзагыл æй фæнды хабæрттæ хъусын æмæ йæ гыццыл Ирыстоны тыххæй фылдæр зонын. Иу мæй фæстæ йыл сæххæст уыдзæн 86 азы, æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæнхъæлæджы райста стыр лæвар.
Венерæйæн ис цот стæй хъæбулы хъæбултæ. Иууылдæр цæрынц горæты æмæ йæ хъавынц сæхимæ акæнынмæ. Фæлæ Венерæйæн йæ хъæу адджын у, стæй йæ йæ хæдзар ныууадзын дæр нæ фæнды. Кæстæр фырт Мæирбек йæ мады арæхдæр бабæрæг кæны, феххуыс ын кæны хæдзары куыстытæй, стæй бахъæугæ сахат йæ цуры балæууы. Нæлгоймаг йæ сабибонтæй фæстæмæ бæллыди, сыхаг хъæутæ куыд цæрынц,уый телевизорæй фенынмæ.
Уый у стыр хорз хъуыддаг, фыццаджыдæр нæ хистæртæн. Национ телеуынад нæм гом кæны, уый куы базыдтой, уæд сæ цинæн кæрон нал уыд. Канал æвдисын райдыдта æмæ ирон ныхасы аив дзырдæй сæ зæрдæ райы.
Бынæттон телеуынады сигнал Ирыстоны кæдæм нæ хæццæ кæны, Калух иунæг ахæм дæрддзæф бынат нæу. Хицæн уыдысты дæсгай хъæутæ, ныр ног фæрæзы фæрцы кæрæдзимæ фæхæстæгдæр сты.
















