Æрыдоны байгом кодтой Ног Азы армукъа. Цæрджытæн дзы сæ бон ссарын у бæрæгбоны фæлыст æмæ бынæттон кондад.
Æхсыр, цыхт, дыргътæ, халсартæ ам асламдæр сты 10-15%. Хорз фадæттæ ис амалхъом адæймæгтæн дæр. Уый тыххæй бæрæгбоны армукъайы бирæты фæнды бацархайын. Æрыдоны разамынд, уый фæдыл, армукъайы фæзуат фæфылдæр кæндзæн.
Ныртæккæ уал дзы сифтонг кодтой 15 цатыры, хæстæгдæр рæстæг дыууæ хатты фæфылдæр уыдзысты – 30 цатыры дзы байгом уыдзæн. Армукъа кусдзæн 15-æм январмæ.
















