Хуыздæрты схорзæхджын кæнын, сывæллæттæн лæвæрттæ радтын æмæ хъæлдзæг бæрæгбон саразын. Ног азы агъоммæ ахæм фæтк ныффидар. Абон Битарты Вячеслав æрзылд республикæйы районтыл. Бабæрæг кодта, афæдзы дæргъы кæмæ базылдысты, уыцы объекттæ, æркаст сын сæ хæрзхъæддзинадмæ. Районты хуыздæр кусджытæн та абон радта хæрзиуджытæ. Не сфæлдыстадон къорды уæнгтæм байхъусут.
Кадджын уазджытæн – зæрдæмæдзæугæ концерт. Сывæллæтты хæдзар «Надеждæ»-мæ æрцæуæг адæм арæх не рбафтынц. Уымæ гæсгæ сæм хъомылгæнинæгтæ зæрдиагæй æмæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты. Ацы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ хицæн кæнынц иннæтæй. Фæлæ кæд се `нæниздзинад хъыгдард у, уæддæр сты тынг цымыдис. Цыфæнды æхсызгондзинадыл та зæрдиагæй бацин кæнынц. Алкæмæдæр дзы цæст дарынц психологтæ. Цалдæр мæйы размæ дæр ма бæстыхай уыд зæрдæхсаинаг уавæры. Ныр та цалцæггонд агъуыст цæст рæвдауы. Хъомылгæнинæгтæн æмæ сæ ахуыргæнджытæн ног уавæртæ удæнцой сты.
Абон сæ бабæрæг кодта Битарты Вячеслав. Базонын æй алцыдæр фæндыд: цавæр агъуыстытæ сæм ис, куыд ифтонг сты, сывæллæттæн цавæр хæринæгтæ æмæ цæмæй кæнынц, хæрæндон æмæ къæбицы сыгъдæгдзинад æмæ æндæртæ. Ссардта аиппытæ дæр. Æмæ бæхæс кодта, цæмæй сæ аиуварс кæной. Битарты Вячеслав та сывæллæттæм афтид къухæй никуы æрбацæуы. Уæлдайдæр та бæрæгбоны агъоммæ. Скодта сын лæвæрттæ æмæ сын фидæн аз зæрдæ бавæрдта ног спортивон зал саразынæй.
Абон ма республикæйы сæргълæууæг бабæрæг кодта Æрæфы район. Кадджын уавæры дзы схорзæхджын кодта хъæууон хæдзарады, ахуырады æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады кусджыты. Йæ ныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фæстаг рæстæг хуыздæрырдæм бирæ ивддзинæдтæ æрцыд. Сарæзтой хъæугæ обекттæ, фæлæ дзы хорз специалисттæ куы нæ кусой, сæ куыст куы нæ уарзой, уæд размæ нæ цæудзысты. Абон хуыздæртыл кæй банымадтой, уыдоны руаджы адæмы хæдзæртты ис хъарм, сывæллæттæм ис цæстдард, рынчынтæ дзæбæх кæнынц, хуыздæр кæнынц царды уавæртæ. «Абон сын сæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй ахæм хуызы зæгъæм бузныг», – загъта Битарты Вячеслав.
















