Нырыккон ахуырадон тыгъдады инновацитæ, патриотон хъомылад æмæ хъыгдард æнæниздзинадимæ сывæллæттæн æххуыс куыд ис баиу кæнæн? Æрыдоны 2-æм скъолайы йæ зонынц. Ныртæккæ ис хуыздæрты хыгъды, райста сæргълæууæджы грант дæр. Сæ зонындзинæдты чысыл дунемæ цы цæстæй кæсынц ахуырдзаутæ, уый радзурдзæн нæ уацхæссæг Саулаты Аланæ.
Лекты Хетæгæн конкурс “Большая перемена”-йы жюрийы уæнгтæ стыр аргъ скодтой, лæппу рахыст æрдæгфиналмæ. Йæ стырдæр бæллиц у кардиохирург суæвын, интеллектуалон ерыс та йын йæ фæнд ноджы фæфидар кодта. Йæ æнтыстдзинæдтæ дæнцæг сты йæ райгуырæн Æрырдоны скъолайы цы бæрзонд зонындзинæдтæ райста, уымæн.
Хъыгдард æнæниздзинадимæ сывæллæттæм уæлдай цæстдард. Сывæллæтты нымæцæй сты 10%. Фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ сын аразынц удæнцой уавæртæ. Скъоладзаутæ исынц æмбæлгæ зонындзинæдтæ. Зæгъæм, сын æмбарын кæнынц
дохтырмæ хи бафыссыны хъуыддаг, кæнæ та банчы картæ куыд райсæн ис, уый. Курдиатджын методисттæ æмæ психологтæ æххуыс кæнынц æнтысджын уæвыны æмæ хорз бæрæггæнæнтæ исыны хъуыддаджы.
Скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ сты куыд æнгом бинонтæ. Нырыккон ивддзинæдтæ та парахат кæнынц традицитæн аргъ кæнгæйæ. Æрмæст афæдзмæ директор Самира Кязимова скъолайы уагæвæрдмæ бахаста бирæ хорз ивддзинæдтæ. Ныридæгæн ахуыргæнæндон бахауд хуыздæрты хыгъдмæ, райстой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы грант дæр.
Уæлдай æргом здахынц æфсæддон-патриотон хъомыладмæ. Скъола хъахъхъæны сæ раздæры рауагъдонты хъайтарты нæмттæ, уыдон сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйæн. Фæзынд сæм виртуалон музей дæр. Ахсджиаг у цæмæй сæ алы скъоладзау дæр номæй-номмæ зона.















