2018-æм азы меценат Таймазты Артур æмæ Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Аланы руаджы Октябрьскæйы самал кодтой зæххы хай аргъуаны арæзтадæн. Кæддæр ам уыд консервон продукци уадзыны завод. Арæзтад, æцæгæй дæр, сси ахсджиаг цау чырыстæттæн. Цæрджытæ йæм æнхъæлмæ кастысты 20 азæй фылдæр.
2019-æм азы сарæзтой фундамент. Æрмæст афæдзы фæстæ бавнæлдтой къултæм. Уæд, аргъуаны кусæг Владимир Жуковы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ цыдысты куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд арæзтад рæстæгмæ баурæдтой. Уый фæстæ та къуылымпыдзинæдтæ æййафын райдыдтой æхцайы фæрæзтимæ.
Куыстытæ æххæстгæнджытæн сæ бон куыд у, афтæ архайынц. Æххуыс кæнынц цæрджытæ дæр. Фæлæ бирæтæ нæ зонынц, аргъуан кæддæриддæр гом кæй вæййы. Дыууæ азы дæргъы дзы цæуынц аргъуыдтæ.
Кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый иу фарста. Æххуыс хъæуы æхцайы фæрæзтæй дæр. Дины æхсæнады минæвæрттæ фæндзайæ фылдæр не сты, аклæмæн дæр сæ йæ бон цы у, уый кæны. Чи æфснайы, чи сихор хæссы. Æрмæст афтæ сырæзынц егъау хъуыддæгтæ, чысыл фæлæ æнтыстджын къахдзæфтæй, зæгъынц дины кусджытæ.
















