Нузалы аргъуан рæстæгмæ сæхгæндзысты. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы культурон бынтæй пайда кæнын æмæ хъахъхъæныны комитеты. Йæ къултыл цы нывтæ конд ис, уыдон бахъахъхъæнын хъæуы. Ныхас цæуы “Георгий Уæлахизхæссæг”, “Сыгъдæг Евстафия”-йы астæуккагæнусон фрескæтæ æмæ Уæлладжыры комы фондз мыггаджы минæвæртты портреттыл.
Дыууæрдыгæй дымгæ сыл æвзæрырдæм ахады. Специалисттæ сæ сконсерваци кæндзысты. Куыстытæм бавналдзысты хæстæгдæр мæйты. Нузалы аргъуан у архитектурæйы цыртдзæвæн федералон ахадындзинадимæ. 1960-æм азæй йæ хъахъхъæны паддзахад.
















