Адæмон музыкæйы зæлтимæ цæуы клуб “Клубок, крючок”-ы æмбырд. Афтæмæй архайд хъæлдзæгдæр рауайы, – зæгъынц йæ архайджытæ. Сылгоймæгты æрбангом кодта иумæйаг хæс – æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн – бийынц сын цъындатæ.
Клуб равзæрд Ольгинскæйы социалон лæггæдты хайады кусджыты хъæппæрисæй. Тыбылаты Зæлинæ куыстуаты фæллой кæны 17 азы. Бийин рагæй зоны æмæ клубы тыххæй куы фехъуыста уæд иуварс нæ фæлæууыд – бафæндыд æй нæ хæстонтæн баххуыс кæнын. æхсызгонæй архайы йемæ иузæрдион адæмимæ.
Ацы партийы та цъындатæ ис 10 адæймагæн. Сылгоймæгтæ сæ бацæттæ кодтой къуырийы æмгъуыдмæ. “Клубок,крючок” ныридæгæн кусы дыккаг аз. Сæ æнæниздзинады уавæрмæ гæсгæ дзы иуæй-иу архайджытæ фæллой кæнынц хæдзары уæвгæйæ. Уыцы рæстæгмæ бацæттæ кодтой 50 партийæ онг. Фæнд ма сæм ис худтæ æмæ хъуырбæттæнтæ бийын дæр.
















