Ацы хæдтулгæ Дауиаты Æхсарбегмæ ис 2017-æм азæй нырмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм алыхуызон машинæтæ уыд, фæлæ нæхи бæстæйы уагъд у æппæтæй цæрдæгдæр, ис дзы уазалгæнæн, уæдæ йæ цалцæггæнæн хæйттæ дæр зын ссарæн не сты. Уæвгæ та йæм шофыры æвдисæндар ис 40 азæй фылдæр, уымæ гæсгæ, æппæт лыстæгдзинæдтæ хорз зоны.
Шофыр фæндагыл вæййы лæмбынæг, æнæмæнг феххæст кæны фæндаггон змæлды æппæт домæнтæ дæр. Бирæты уынгæ дæр нæ кæны, фæлæ Æхсарбегыл сæххæст 95 азы.
Хæдтулгæ скъæрынæй уæлдай Æхсарбег тынг уарзы хæдзары куыстытæ. Цæхæрадоны арувын кæнæ кæрдæг кæрдын æм æппындæр зын нæ кæсы. Зæхкусæджы архайд ын хæссы æрмæст æхцондзинад.
Фæлмæн æмæ хæларзæрдæ, фæлæ уыцы-иу рæстæг бæстон æмæ домаг. Æцæг æфсæддонæн куыд æмбæлы афтæ.
Æхсарбег райгуырд æмæ схъомыл Джызæлы. Уæззау фæсхæстон рæстæг нæлгоймаджы фæхуыдтой тæрхондонмæ. Уыцы рæстæг æхсызгонæй агуырдтой специалистты. Снысан æй кодтой районы адæмон тæрхондоны дæлхайады хицауæй. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æвзонг лæппу кусын райдыдта агуыридуры заводы, сæвæрдтой йæ цехы хицауæй. Уырдыгæй йæм фæсидтысты æфсадмæ, службæ кодта артиллерион хайады. 3 азы фæстæ йæ райстой Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ. Къабазæн снывонд кодта 40 азмæ ‘ввахс.
Абон Æхсарбегæн йæ гуырæнбоны фæдыл арфæ ракодтой кадджын уавæры, чекистты Аллейы. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразы номæй райста бузныджы фыстæджытæ. Мадзал бацæттæ кодтой сæргълæууæджы æххуысгæнæг Хъуыссæты Мæирбеджы хъæппæрисæй.
Удуæлдай куысты тыххæй Дауиаты Æхсарбег хорзæхгонд æрцыд ведомствойы 14 майданæй, уыимæ йын саккаг кодтой “Ирыстоны намысы” майдан.
















