Абон кусæг къорды æмбырды æрдзырдтой Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты бонмæ цæттæдзинадыл. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Байхъуыста æвзарæн пункттæ цас цæттæ сты, уымæ. Кировы районы сты 12, Алагиры районы та – 29. Уæлдай ‘ргом аздæхтой æфсæнгарзæй ифтонгдзинадмæ, видеоцæстдарды камератæм, æдасдзинады æмæ æнцонвадаты уавæртæм. Ахджиаг у цæмæй мадзал æппæт цæрджытæн дæр ацæуа æдасæй. Уымæй уæлдай, бæстыхæйтты пъадвæлттæ сифтонг кæнын афтæ, цæмæй рекетатæй тасдзинады рæстæг адæм кæм бамбæхсой уый уа,
Æмбырды кæронбæттæн дыууæ æнæнхъæлæджы цаумæ гæсгæ сарæзтой практикон ахуыртæ – æнæпилотон æдасдзинад æмæ террористон акт. Равдыстой дзы барадхъахъхъæнæн оргæнты æвзарæн къамисы, территориалон къамисы æмæ бынæттон хиуынаффæйады æмархайд. Кæронбæттæн æвзæрстытæм хуыздæр чи бацæттæ кодта, уыдон хорзæхджынгонд æрцыдысты арфæйы фыстæджытæ æмæ кады гæххæттытæй.
















