Паддзахадон лæггæдтæ кæныны ахастмæ бæстæйы хицауад бахаста ивддзинæдтæ. “Паддзахад – адæмæн” федералон проекты фæлгæты лæггæдтæ æмæ архайд афтæ рацараздзысты, цæмæй ахсджиагдæр уа адæймаг æмæ йæ цардыуаг.
Ивгъуыд аз фæрогдæр кодтой федералон лæггæдты 50 хуызы райсыны процедурæ. Афтæмæй, сæ райсыны æмгъуыд дыууæ хатты фæкъаддæр, хъæугæ гæххæттыты нымæц та 1,5 хатты фæцыбыр. Ацы аз æнцондæр фæтк апарахат уыдзæн Уæрæсейы регионты. Паддзахадон лæггæдты порталы æмæ платформæ «МСП.РФ»-ы ныридæгæн 15 сервисы кусынц “царды уавæрты” принципмæ гæсгæ. Комплексон сервисты руаджы адæймаг цавæрдæр цауы куы бахауа, уæд йæ фарстатæ иу хаттæн аиуварс кæндзæн. Зæгъæм, бизнес гом кæнгæйæ. Рæстæмбис бæрæггæнæнмæ гæсгæ иу “царды уавæр”-ы ис 26 лæггады.
















