«Парта героя» патриотон акци арæзт æрцыд бирæвæрсыг техникумы. Снысан æй кодтой йæ рауагъдон Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Абайты Альбертæн.
Мадзал райдыдта минут æдзæмæй алæугæйæ. Хъайтары ном ссарынмæ æрбацыдысты техникумы ахуырдзаутæ æмæ рауагъдонтæ. Фыццæгтимæ æфсæддоны мад. Йæ фырты хъæбатырдзинады тыххæй базыдта йæ æфсæддон хæлары фыстæгмæ гæсгæ, уый руаджы баззад цæргæйæ. Хæстон фæмард 2022-æм азы 9-æм майы. Цыдис ыл 20 азы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы æфсæддонтæ æмбырды архайджытæн радзырдтой Фыдыбæстæмæ уарзондзинады тыххæй. Уазджытæм фæсидт республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивг Габеты Вадим. Хъайтары партæйы уæлхъус ныр баддзысты æрмæстдæр техникумы хуыздæр ахуыргæнинæгтæ. Фыццæгты ‘хсæн æртыккæгæм курсы студент Гойаты Аслан – Сырх Стъалыйы ордены кавалер Калоты Георгийы номыл стипенди исæг.
















