Фидæны пенсийы бæрц куыд банымайын хъæуы, стæй адæйагæн цавæр уæлæмхасæн фиддонтæ æмбæлы. Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ахуырдзаутæн Пенсион фонды кусджытæ сарæзтой гом урок æмæ сын радзырдтой хъæугæ информаци.
Ахæм мадзæлттæ арæзт æрцæуынц æрвылаз дæр алыхуызон ахуырадон уагдæтты. Пенсион фонды разамонæг Таболты Сергей фæнысан кодта, скъоладзаутæ кæй базыдтой сæ системæ куы кусы, уый. Уæдæ сын бамбарын кодтой уæлæмхасæн фиддонтæ цавæртæ вæййынц æмæ сæ куыд снысан кæнæн ис.
















