preloader
сейчас в эфире
23:26
ДЖИГИТЫ АЛИ-БЕК 12+
Смотрите Далее
00:00
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДЖИГИТЫ АЛИ-БЕК 12+
close

Премьер Дзанайты Барис амыдта республикæйы хицауады æмбырд

7.09.2023 19:49

Цæгат Ирыстоны ацы азы кæронмæ фæзындзæн электрон хæдтулгæтæ электрон тыхæй 4 ифтонггæнæн станцæйы. Уый тыххæй рахай кодтой 11 милуан сомæй фылдæр.

Цæгат Ирыстоны ацы азы кæронмæ фæзындзæн электрон хæдтулгæтæ электрон тыхæй 4 ифтонггæнæн станцæйы. Уый тыххæй рахай кодтой 11 милуан сомæй фылдæр.

Фидæны азы ма сараздзысты ноджыдæр 9. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады æмбырды. Республикæ бахауд, электрон транспорт ифтонг кæнынæн фадæттæ кæм аразынц, уыцы регионты хыгъдмæ. Уый ‘руаджы хъуамæ регионы фылдæр ахæм хæдтулгæтæ фæзына. Æрныхас ма кодтой фæцæрынæн æппынкъаддæр æхцайы бæрцыл дæр. Уый хъуамæ сырæза 13 мины 729 соммæ. Кусынхъом адæмæн та хъуамæ суа 14 мины 965 сомы. Пенсионертæн – 11 мины 807 сомы. Сывæллæттæн та – 13 мины 331 сомы. Премьер Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æппæт уыцы бæрæггæнæнтæм æнæмæнг кæсдзысты бюджетыл кусгæйæ.

Индексаци скæндзысты социалон фиддонтæн дæр. Фылдæр фиддонтæ райсдзысты 90 мин сывæллонæй фылдæр. Ацы фарстамæ хъуамæ æппынæдзух йæ цæст дара профилон уагдон. Æмбырды ма дзырдтой инфраструктурон бæстыхæйтты тыххæй дæр. Федералон бюджетæй ист сæрмагонд кредитты фæрæзтæй арæзт цæуынц цалдæр социалон-вазыгджын проекты.

Хицауады уæнгтæ ма æркастысты хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн куыст ссарыны фарстамæ дæр. Ныхас цыд, куыстдæттджытæ ахæм адæмӕн куысты бынæттæ сифтонг кæныныл цы схардз кодтой, уыцы хæрдзтæ сын фæстæмæ бафидыныл. Организацитæ æмæ хицæн амалхъом адæймæгтæн субсидитæ дæттыны фæтк фидаргонд æрцыд. Дæтдзысты сын 72 мин сомы 1 куысты бынат сифтонг кæнынæн. Ныридæгæн ацы аз бацæттæ кæндзысты 30 кусæн бынаты хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Все рекомендуемое