preloader
сейчас в эфире
10:50
АЛАНЫ. ДОРОГА НА ЗАПАД 12+
Смотрите Далее
12:10
МУЗЫКАЛЬНАЯ ГОСТИНАЯ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:20
ÆНУСОН ФАРН. СУАНТЫ ХЪАЗЫБЕГ 12+
14:30
МОЙ ВЛАДИКАВКАЗ 12+
15:00
ВКУС ГРАНАТА (14-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
АЛАНЫ. ДОРОГА НА ЗАПАД 12+
close

Премьер Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд хицауады æмбырд

4.02.2025 20:24

Курорт “Мамысон”-мæ хæстæг рæстæгмæ баурæдтой зæххы хæйттæ æмæ арæзтадæн бар дæттыны архайд. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд хицауады æмбырды.

Курорт “Мамысон”-мæ хæстæг рæстæгмæ баурæдтой зæххы хæйттæ æмæ арæзтадæн бар дæттыны архайд. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд хицауады æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Ацы хъуыды хицауады уæнгты размæ рахаста профилон министр Тедеты Руслан. Йæ аххосаг у туристон-рекреацион хуызы экономикон фæзуат дзы кæй аразынц, уый. Уагæвæрд аххæсдзæн хъæутæ Лисри, Згъил, Къамсхо, Тиб, Уæллаг æмæ Дæллаг Зæрæмæгыл. Ныхас цыд кадрон ивддзинæдтыл дæр. Хицауады æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй йæ куысты бынат суæгъд кодта Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг Габалты Мæдинæ. Уыимæ ма Санаты Аидæйы ногæй снысан кодтой физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæгæй 2026-æм азы 10 февралы онг. Æмбырды ма ныхас цыд чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады райрæзтыл дæр. Ацы аз райдайдзысты национ проект æххæст кæнын, йæ хæс – уæлæмхасæн æххуыс бакæнын. Æркастысты ма бинонты фермæты æмæ хъæууонхæдзарадон кооперативты “Агростартап” æмæ “Агропрогресс”-ы материлон техникон базæйы райрæзтæн гранттæ дæттыны æмæ сæрмагонд къамис снысан кæныны фарстатæм.

Ныхас ма цыд бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы программæйыл дæр. Объекттæ æвзардзысты сæ техникон уавæрмæ гæсгæ. Ацы аз куыстытæ фæуынвæнд кæнынц 72 хæдзары. Уыдонæй 32-йы баивдзысты лифтытæ, фæнысан кодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзассохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæ, посты куыст æмæ чиныгкæсæджы бон | Йæ рæстæгыл
9.10.2026
Бонвæрнон I 09.10.2026
9.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 09.10.2026
9.10.2026
Бизнес сфера I 08.10.2026
8.10.2026
Актёр Исса Дауров, медведи у жилых домов и актуальные новости недели | Самое время
8.10.2026
08.10.2026 | Ирон чат
8.10.2026
Все рекомендуемое