Æппæт бæстæйæ фæсивæд æххуыс кæнынц Цæгат Кавказы культурон бынтæ хъахъхъæнын. Проект “Маяки дружбы” æрбамбырд кодта алы адæмыхæттыты бархионты нæ республикæйы хæхты. Егъау программæйы сæйраг нысан сыхаг регионтимæ бастдзинад рæзын кæнын. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Афтæ хæларæй æмæ хъæлдзæгæй цæуы иумæйаг куыст. Иутæ территори æфснайынц, цыппæркъахыг хæлæрттæ та адæмы зæрдæтæ æлхæнынц. Алы регионты адæмыхæттыты æмæ конфесситы минæвæртты æрбангом кодта бæстæйы историмæ уарзондзинад, æрдз хъахъхъæны ахсджиагдзинад.
Фæсивæд иумæ архайгæйæ, фылдæр ногдзинæдтæ базонынц сæ адæмы культурæ æмæ историйы тыххæй. Уыцы зонындзинæдтæй кæрæдзийæн хай кæнынц, æмæ афтæмæй æрбангом вæййынц.
Æрвылбон бархионтæ фæллой кæнынц культурон нысаниуæгимæ объектты, зилынц сын сæ алыварс фæзуæттæм. Æппæт архайд æвдисынц социалон хызæгты. Истори цæмæй ноджы хуыздæр базоной, уый тыххæй та сын саразынц цымыдисаг балцытæ æмæ дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Дзырдæн, программæ фæсивæды зæрдæмæ тынг цæуы.
Ам цы рæстæг стæм, уæдæй уыдыстæм Мамысоны комы, ног курорты. Федтам Ирыстоны алæмæты рæсугъд æрдз, хæхтæ. Спайда кодтам рæтæн фæдагæй. Тезгъо кодтам цы ног балцвæд сарæзтой, уым. Уый не ‘ппæты дæр дисы бафтыдта.
Куыст цæмæй æнцондæр æмæ парахатдæрæй цæуа, уый тыххæй фæсивæды адих кодтой 5 къордыл: Хохæгтæ, цæргæстæ, хæлæрттæ, Эльбрус æмæ Джигиттæ. Алкæцы дæр сæ архайдзæн мæсгуытæ сног кæныныл, уыимæ зилдзысты цы цыртдзæвæнтæ сæм хауынц, уыдонмæ. Кæронбæттæны та фембæлдзысты æмæ кæрæдзийæн дзурдзысты се ‘нкъарæнтæ. Сæ куысты æрыгон бархионтæ пайда кæнынц сæ разамонджыты амынддзинæдтæй. Иумæ сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынц, æвдисынц сæ архайды ахсджиагдзинад.
Махæй дæнцæг исынц. Мæ кител раластон æмæ семæ райдыдтон кусын. Мæ зæрдæ дарын, архайды рæстæг ныхас дæр кæй кæндзыстæм. Цæмæй цы хъуыды кæнæм, уыдон кæрæдзийæн радзурæм.
Алагиры 5-æм скъола сæхи бирæ нæ цæттæ кодтой. Ахуырдзауты афтæ тынг фæндыд проекты бацархайын æмæ дыууæ бонмæ ацæттæ сты. Уазджытæн сарæзтой егъау программæ. Уый фæстæ архайдтой рацарæзтон куыстытæ æмæ зиуы.
Уыйбæрц æнкъарæнтæ сæм уыд, сывæллæттæн сæ зæрдæтæм алцыдæр фæцыд. Симдæй дæсныйад æдвисæг ахуыр, музыкалон номыртæ. Тынг хъæлдзæг рауад мадзал. Мæ зæрдæ дарын нæ фæсивæд дарддæр дæр кæй архайдзæн æппæтуæрæсеон проектты.
Мадзал кадджын уавæры сæхгæндзысты 20-æм сентябры Налцыччы, Кæсæг-Балхъары паддзахадон университеты. Традицион “Хæлардзинады изæры” архайджытæ равдисдзысты цы куыст бакодтой, уый тыххæй цыбыр киноныв. Нымæцон хуызы базонгæ кæндзысты Уæрæсейы регионты хъæздыгдзинæдтимæ æмæ культурон бынтимæ. “Маяки дружбы” хорз фадат у фæсивæдæн æнгомдæр уæвынæн, æвæрæн иумæйаг хъуыддагмæ бахæссынæн.
















