Сихъоты Хъазыбеджы ном æнустæм фыст æрцыд Ирыстоны чысыл хæххон хъæуы скъолайы историйы. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы, нывкæнынады, цардархайды æдасдзинады бындурты ахуыргæнæг, бирæ фæлтæртæн уыд зонындзинæдты фæтæг. Йæ уроктæм ын уæлдай æхсызонæй тагъд кодтой.
Сихъоты Хъазыбегæн фыццаг бынаты алкæддæр уыдысты скъоладзаутæ. Фæсурокты иу тызмæг ахуыргæнæг сси сæ хуыздæр хæлар. Фæсивæдимæ иу хъазыд футболæй, шахмæттæй. Йæ хъомылгæнинæгтæ æмæ æмкусджытæй никуы ферох уыдзысты хæхтæм цымыдисаг балцытæ. Афтæмæй, скъоладзауты ахуыр кодта сæ райгуырæн бæстæйы æрдз уарзын æмæ йын аргъ кæныныл. Бынаты сын амыдта æрдзы хъæбысы хи раст куыд дарын хъæуы, ууыл. Хъæугæрон та сæ цæттæ кодта хæстон уавæрты цæрынмæ.
Сихъоты Хъазыбеджы хъæппæрисæй скъолайы байгом музей, цы дзауматæ æрымбырд кодта, уыдон ахуыргæнинæгтæ абон дæр хъахъхъæнынц æмæ фылдæр кæнынц. Экспозицийы ирон адæмы æрвылбоны цардархайды гæрзтæ, рагон мигæнæнтæ, фæтæгенæй цырæгътæ, итутæ, уæлæдарæс, пластинæты æмбырдгондтæ æмæ æндæртæ. Хъазыбег лыстæггай æмбырд кодта йæ адæмы истори. Уыд æцæг патриот. Стенды стыр бынат ахста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты хуызистытимæ къуым, уыдон сæ цард радтой Хæзныдон знагæй хъахъхъæнгæйæ. Сихъоты Хъазыбег ветерантæм фыста фыстæджытæ, сæ дзуæппытæ та иу линейкæты бакаст скъоладзаутæн.
Музей æнтыстджынæй рæзы. 2023-æм азы райста регистрацийы тыххæй æвдисæндар. 2025-æм азы та йæ банымадтой районы скъолаты хуыздæр музейыл æмæ республикон æмвæзады бахауд призерты хыгъдмæ.
Экспозицийы фенæн ис Сихъоты Хъазыбеджы æмдзæвгæтæ дæр. Фыста сæ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Йæ уацмысты æвдыста йæ рагуырæн бæстæйы рæссугъддзинад. Алы сывæллоныл йæхи цоты хуызæн чи узæлд, фидæнмæ сæ уæндон къахдзæфтæ кæнын чи ахуыр кодта, уыцы ахуыргæнæгæн кад кæнгæйæ, скъолайы музей схуыдтой Сихъойы-фырты номæй. Уый тыххæй арæзт æрцæудзæн шахмæттæй турнир. Афтæмæй, сæ зонамонæджы мысдзысты фæлтæрæй – фæлтæрмæ.
















