Йæ хъайтардзинад æмæ Фыдыбæстæйыл æнувыддзинад — дæнцæгæн хæссинаг. Профцæдисы хæдзары ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гулуты Хизиры номыл альбомы презентаци. Афæдзмæ ‘ввахс ыл куыстой Таутиаты Хъазыбег, Владимир Иванов æмæ Сабеты Виктор.
Чиныгмæ хаст æрцыдысты фронтовикы цардвæндаг, сгуыхтытæ, йæ хæлæрттæ æмæ хиуæттимæ фыстæджытæ, уыимæ алы азты къамтæ. Гулуты Вячеславыл ацы аз хъуамæ сæххæст уыдаид 95 азы. Йæ цардæй ахицæн фарон. Кадджын мадзалы бацархайдтой йæ хиуæттæ, профцæдис æмæ хæлардзинады хæдзары минæвæрттæ, уыимæ ветеранты Совет æмæ æхсæнадон архайджытæ.
Авторты ныхæстæм гæсгæ, альбомы сæйраг нысан у — ветераны сгуыхтдзинæдтæ ма рох кæнын, зæрдыл дарын, цавæр аргъæй бафтыд сæ къухы уæлахиздзинад, уый.
















