Цæгат Ирыстоны парламенты депутаттæ рахæцыдысты, республикæйы бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны закъоны проекты сæрыл.
Ныхас цæуы Дзæуджыхъæу æмæ Рахизфарсы районæн 1,189 млрд сомы рахай кæныныл. Афтæ муниципалон скондты банчы кредиттæй пайда кæнын нал бахъæудзæн. Закъоны проект хорзыл банымадтой 53 депутаты.
















