Сергей Меняйло амыдта промышленнон продукцийы æнæзакъон зилдухы ныхмæ къамисы æмбырд. Æрныхас кодтой дзидза æмæ æхсырæй конд тæссаг товарты уавæрыл. Хойраджы паддзахадон федералон мониторингы фæлгæты ацы азы дыккаг кварталы сарæзтой 17 иртæсты. Истой сæ хойраг чи уадзы æмæ чи уæй кæны, уыдонæй. Лабораторон иртæстыты хатдзæгтæм гæсгæ хъæндзинæдтæ нæ рабæрæг. Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды федералон службæ дарддæр дæр хъус дары фæсарæйнаг продукцийы хæрзхъæддзинадмæ, уæлдайдæр та “Уæллаг Ларс”-ы уылты цы хойраг ласынц, уымæ. Цæстдарды хатдзæгтæм гæсгæ рабæрæг 6 фæткхæлды. Уыцы уæзтæ баурæдтой æмæ сæ арвыстой фæстæмæ цы бæстæйæ сæ æрбаластой, уырдæм. Æмбырды ма æрдзырдтой артаджы æнæзакъон зилдухы тыххæй. Ацы азы 5 мæймæ рабæрæг иу экономикон закъонхæлд. Байгом кодтой 9 уголовон хъуыддаджы. Бæстон цæстдард цæуы республикæмæ цы артаг ласынц, уый хæрзхъæддзинадмæ дæр, уавæрмæ кæсынц таможняйы кусджытæ. Ацы аз æххæстгонд мадзæлтты руаджы фæкъаддæр кæнын бантыст ахæм цауты нымæц 5 хатты.
















