Ацы ‘хсӕв Кира Высоцкая арвыста ӕнахуыр худы электродтӕ ӕмӕ сӕрмагонд гелимӕ. Ахӕм æркаст чызг нӕма цыд. Фынӕйы видео-ЭЭГ-мониторингы процедурӕ йын уыд ногдзинад. Кирӕ йæ низмæ гæсгæ арæх бауадзыг вæййы. Хорз бафæрæзта. Дохтыртӕ та диагностикӕйы хъӕугӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ райстой. Ахæм фадат фæци, республикӕйы сывӕллӕтты клиникон рынчындоны цы ног ифтонггарз фӕзынд, уый фӕрцы.
Процедурӕ ахӕссы цыппар сахатӕй дӕс сахаты онг. Снысан ӕй кӕны невролог — бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Мониторингы рӕстӕг дохтыр райсы сихронизацигонд ныв: цы цӕуы сӕры магъзы ӕмӕ цы уавæры у рынчын низы фæтынджы рӕстӕг. Уый ӕххуыс у, хуымӕтӕг æркасты рӕстӕг рабæрæг кæмæн нæй, ахæм ивддзинæдтæ раиртасынæн.
Процедурӕ æвдисы фынӕйы ӕппӕт фазӕтӕ дӕр. Уый у ӕдас ӕмӕ нӕ домы рагагъоммӕйы цӕттӕдзинад. Ацӕуӕн ын ис куыд ӕхсӕв, афтӕ бон дӕр, ныхас сабитыл куы цӕуа, уӕд. Рынчынмӕ цы аппарат фидаргонд у, уый зиан нæ хæссы. Уыимӕ сывӕллоны фарсмӕ æппынæдзух уӕвӕн ис ныййарӕгӕн.
Раздӕр ахӕм ифтонггарз республикӕйы сывӕллӕтты рынчындоны нӕ уыд. Мониторинг иу ахаста ӕрмӕст 40 минуты ӕмӕ фадат нӕ лӕвӕрдта рынчыны ӕххӕстӕй фенынæн. Эпилепсийæ тæссаг кӕмӕн уыд, уыцы сывӕллӕтты цæуын хъуыд сӕрмагонд клиникӕтӕм. Зынаргъ уыд ӕмӕ алы хатт къухы не ‘фтыд. Аппарат балхӕныны тыххӕй уынаффæ рахаста республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Ныр дохтыртӕн сӕ бон у диагнозтӕ рӕвдздӕр ӕмӕ растдӕр ӕвӕрын – уӕдӕ дзæбæхгæнæн æмгъуыд дæр фæтагъддæр. Ног ифтонггарз у афоныл баххуыс кӕныны фадат, алы минут дӕр зынаргъ куы вӕййы, уӕд. Ӕмӕ ныр республикӕйы алы чысыл пациентæн дæр уыцы гæнæн ис.
Милдзыхты Амалия, Кодзаты Зауыр
















