Цъæх квадраты — æнæпилотон аппарат. Аразгæ интеллект ын йе стахты бынат, миниуджытæ æмæ маршрут бæрæг кæны. Системæйы автор — Пухаты Георгий. Скъола ацы аз фæци каст. Йæ цымыдисаг проекты руаджы йын ис информацион технологитæ, механикæ æмæ оптикæйы университетмæ бацæуын бюджетмæ.
Горæты уынгтæм хъуамæ цæст дарой камерæтæ. Аразгæ интеллект та цыфæнды тæхæг аппарат дæр фендзæн. Информаци уал чысыл компьютермæ бахаудзæн, дарддæр — стырмæ, хыгъд дæр уым æрцæуы конд.
Æнæпилотон тæхæг аппаратты мониторингы интеллектуалон системæ Пухаты Георгий æрхъуыды кодта иуæндæсæм къласы. Проектыл куыста, уыцы иу рæстæг йæхи уырыссаг æвзаг, информатикæ æмæ профилон математикæйæ иумæйаг фæлварæнтæм цæттæ кодта. Æгъуыссæг æхсæвтæ бирæ арвыста лæппу, фæлæ йæ нысан йæ къухы бафтыд.
Компьютеры “цæстæнгас” тыгъдад æнæрлæугæйæ сгардзæн. Дронтæм цæстдарды системæйы проект Пухаты Георгий скодта сывæллæтты нымæцон ахуырады центр “IT-Куб”-ы. Ныр рауагъдон кусы патентыл. Ацы хъуыддаг тагъд нæу. Йæ бон у æмæ афæдз дæр ахæсса.
Информацион технологитæ биноныгæй ахуыр кæныны фадат “IT-Куб”-ы алы скъоладзауæн дæр ис, национ проект “Фæсивæд æмæ сывæллæттæ”-йы руаджы.
Нырма та уал 50-æм скъолайы рауагъдон Пухаты Георгий æнхъæлмæ кæсы уæлдæр ахуыргæнæндонæй бæрæг базонынмæ. Йæ проектимæ йын егъау гæнæнтæ ис бюджетмæ бахауынæн. Университеты та лæппу фæнд кæны дарддæр кусын дрнотæм цæстдарды системæйыл.
















