«Фæндаггон инспекци: Пырх фæндæгты картæ» – афтæ хуыйны æппæтуæрæсеон адæмон фронты проект. Æхсæнадæн йæ бон бакусын у цалцæгкæнинаг фæндæгты фарстайыл. Уый тыххæй хъæуы организацийы сайтмæ базилинаг фæндаджы къам æрбарвитын. Уынджы ном фæзындзæн номхыгъды æмæ дарддæр дзуапдæттæг службæты куысты пъланмæ бахаудзæн. Ацы проект куыд фæзынд фæндæгты хæрзхъæддзинадыл, уый базыдта Гогаты Марат.
Дзæуджыхъæуы цæрджыты риссагдæр фарста – пырх фæндæгтæ. Иуæй-иутæм дзы бирæ азты зылд нæ уыд æмæ сыл ныр хаттæй-хатт ацæуæн дæр нал вæййы. Зæгъæм, Гæздæнты æфсымæрты уынгыл ахизын Хъарсы фидар басæттынæй уæлдай нæу. Рог хæдтулгæтæ æмæ маршрутон такситы шофыртæн æдзух сæттынц сæ машинæты хæйттæ.
Ай та у – Цуанæтты фæрсуынг. Цæрджытæ йæ бахастой адæмон фронты регионалон хайады «Пырх фæндæгты картæмæ» æмæ йæ хæрзæрæджы сцалсæг кодтой. Хъуыддагыл бакуыстой. Ацы хатт стыр хицæуттæм адæмы хъаст бахъардта. Ныр сæ цинæн кæрон нал ис. Хæлæгæй сæм мæлынц Кутузовы номыл уынджы цæрджытæ. Ам фæндаджы иуæй-иу хæйттæ бынтон гæвзыкк сты. Æрвылбон фæндагыл сæдæгай машинæтæ ацæуы. Бæргæ, рагæй базилинаг у. Фæлæ, никуы æмæ ницы…
Дзæуджыхъæуы администрацийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, абоны онг 127 цауд фæндагæй сцалцæг кодтой 34. Куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæм зивæг бæргæ нæ кæнынц. Фæлæ сæ къух нырма се `ппæты фаг н` амоны.
Гогаты Марат
















