preloader
сейчас в эфире
04:17
ÆЛХУЙНÆ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
04:20
БЕЗ ТОРМОЗОВ 12+
04:35
ГВАРДИЯ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ÆЛХУЙНÆ 12+
close

Радон æмбырд

5.12.2017 13:36

Хицауад æрныхас кодтой республикæйы ахсджиаг фарстатыл

Æртæ хорзы! Æртыгай фаззоны кæм райгуырд, ахæм 5 бинонтæн радтой хæдзар балхæнынæн сертификаттæ. Уыцы хъуыддагæн радих кодтой 8 милуан сомы – фехъусын кодтой абон хицауады радон æмбырды. Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министр Хъесаты Игоры ныхæстæм гæсгæ ма ахæм æххуысмæ рады лæууынц 5 бинонтæ. Уыдонæн та æхзызгон лæвар скæндзысты æмæ сын сæ сертификаттæ ратдзысты ног азы. Хицауады уынаффæмæ гæсгæ ма æртæ сидзæр сывæллоны хъомыл кæнынмæ чи райса, уыцы бинонтæн бар уыдзæн ног фатермæ рады слæууынæн. Æмбырды ныхас кодтой Дыгургомы фæлладуадзæн комплекс «Порог неба»-йыл. Йæ райрæзтæн ын 3 милуан сомы бæрц радих кæндзæн паддзахад. Цæмæй сæм фылдæр туристтæ цæуа, уый тыххæй дзы лæггæдты хæрзхъæддзинадыл хъæуы бакусын, стæй сæ фæфылдæр кæнын. Паддзахад та цæттæ у амалхъом адæмæн, уæлдайдæр та туристон къабазы чи кусы, уыдонæн æххуыс кæнын. Æнæ цæстдард нæ баззайдзæн хъæууон хæдзарад дæр. Ног уынаффæмæ гæсгæ, хæхты фос чи дары æмæ хъæууон-хæдзарадон продукци чи уадзы, уыдоны зæххытæн хаццон фиддонтæ уыдзысты дыууæ хатты къаддæр. Хицауады æмбырды ма æрдзырдтой шахмæтты клубы фарстайыл. Паддзахадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан куыд загъта, афтæмæй 2017-æм азы клуб паддзахады бæрны баззайдзæн. Иннæ аз та йæм базилдзысты, Кавказы адæмы культурæ æмæ спорты фестивалы цы преми рамбылдтой, уыцы фæрæзтæй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Проверено полем I Точка отсчета
9.09.2026
Плиты Зæлинæ I Æрмадз
9.09.2026
09.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
9.09.2026
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Все рекомендуемое