Æнæниздзинад сбæрæг кæнын æмæ низтæн хос `ссарын. Лескены амбулаторимæ адæм рады ралæууыдысты. Алкæйыдæр фæндыд фæлтæрдджын дохтыртæн йæхи фенын кæнын. Уæвгæ, низ афоныл куы рабæрæг кæнай, уæд йе сдзæбæх кæнын бирæ æнцондæр у. Ахæм у медицинæйы сæйраг домæн. Фæлæ, хъыгагæн, арæх адæм се`нæнидзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй фæкæсынц. Дохтыртæм цæуынмæ зивæг фæкæнынц. Æрмæст Лескены цæрджытæ нæ. Æрæфы районы хъæутæй иуæй не сфæлдыстадон къорды æрмæг.
Тайсауты Венерæ рынчындон бæргæ нæ уарзы, фæлæ йæ рыстыл йæ бон нæ цæуы. Кæм дадзинты туджы æлхъывдад фæбæрзонддæр вæййы, кæм къахы стæг сриссы, кæм та цæлмартæн, адæм æй грыжæ хонынц, бахъыгдары. Фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй дохтырты `хуыссæй йæ рыстытæ фæкъаддæр вæййынц.
Лескены амбулаторимæ бирæ адæм æрбацыд. Чи кардиограммæ кæны, чи педиатримæ ныхас кæны, кæмæндæр та йæ нервытæ нал бæззынц æмæ специалисты æххуыс бацагуырдта. Хирургмæ дæр бирæ адæм `рбацыд. Бирæтæ хъаст кæнынц боныхъæды раив-баивмæ се `стджытæ кæй риссынц, уымæй. Хъыгагæн, тынг арæх адæммæ рабæрæг вæййынц онкологон, стæй рæуджыты низтæ. Уый тыххæй та дохтыртæ æнæрынцойæ сидынц, æнæниздзинад хъахъхъæнын алкæддæр ахсджиаг кæй у, уый тыххæй.
Адæймаджы мидбылхудт алкæддæр рæсугъд хъуамæ кæй уа, уый алчидæр зоны. Уæлдай хорз æмæ бæлвырддæр та йæ зоны дæндæгты дохтыр. Программæ «Земский дохтыр»-мæ гæсгæ Цориты Аланæ амбулаторийы кусы 3 аз. Куыд зæгъы, йæ куыстыл æнувыд у. Йæ дæсныйады фæрцы адæмæн циндзинад хæссы.
Диспансеризаци, ома, адæймаджы æнæниздзинад сбæрæг кæныны мадзæлттæ, дарддæр æххæстгонд цæудзысты нысангонд фæткмæ гæсгæ. Специалисттæ ма æркæсдзысты Мацутæйы цæрджытæм. Æрæфы районы цæрджытæ ахæм цæстдардæй разы æмæ бузныг сты. медицинон кусджытæ сæм сæ цæст дарынц. Ис ма иу фиппаинаг — адæймаг хъуамæ фыццаджыдæр йæхæдæг тыхса йæ æнæниздзинадыл. Æмæ бахъуаджы рæстæг йæ фæндаг дохтыртæм афоныл акæна.
















