Социалон-реабилитацион центр “Доброе сердце”-йы хъомылгæнинæгты фæхуыдтой хæрзаудæн акцимæ. Национ музейы æмæ Сабырдзинады проспектыл сын сарæзтой экскурси.
Уыимæ ма фæсивæды æхсæнадон архайдмæ сразæнгард кæныны нысанимæ “Раззагдæрты змæлд” бацæттæ кодта презентаци, радта сын лæвæрттæ.
Мадзал расидт “Раззагдæрты змæлд” Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты министрады æххуысæй. Йæ сæйраг нысан – рæзгæ фæлтæры зонгæ кæнын нæ истори æмæ хъæздыг культурæимæ. Акци дарддæр фæнд кæнынц парахат кæнын, фæхондзысты йæм царды зын уавæрты бахауæг æнахъомты.
















