Дзæуджыхъæуы интеллектуалон проект “Своя игра”-йы фæлгæты ацыд “День сурка” сæргондимæ турнир. Хуыздæртæ суæвыныл ерыс кодтой журналисттæ, амалхъом адæм, æхсæнадон архайджытæ, артисттæ, уыимæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Хæслæвæрдтæ ист уыдысты алы къабæзтæй: литературæ æмæ аивад, астрономи æмæ биологи, истори æмæ культурæ. Хицæн темæтæ нысангонд æрцыдысты Александр Пушкин æмæ Михаил Салтыков-Щедринæн, ацы аз сæ райгуырдыл æххæст кæны 200 азы.
Зын ерысты уæлахидзау сси Цæгат Ирыстоны нымæцон райрæзты комитеты сæрдары хæдивæг Хъуылаты Маринæ æмæ 38-æм скъолайы англисаг æвзаджы æхуыргæнæг Видана Жидаева. Дыккаг бынат бацахста нæ телеканалы кусæг Кодзаты Зауыр. Цыппæрæм бынат радтой историйы ахуыргæнæг Биазырты Маринæйæн. “Приз зрительских симпатий”- та фæцис артист Хъæбæлоты Русланы æмæ Адæмон фронты регионалон хайады сæргълæууæг Гæлиты Климы.
Проекты телехуыз хæстæгдæр рæстæг фæзындзæн канал “Осетия-Ирыстон”-ы эфиры.
















