Уӕнгтӕ аивазынӕй ӕмӕ рог згъордæй Ногиры 2-æм скъолайы райдайы боксæй алы ахуыр дæр. Сывæллæттæн уый хуымӕтӕджы тренировкӕ нӕу, фӕлӕ фадат у ног спорты хуызы сӕхи бафӕлварынӕн, бындуртæ сахуыр кӕнынӕн ӕмӕ хи хъарутыл баууӕндынӕн.
Бокс нымад у травмæтæй тæссаг спорты хуызыл, уæлдайдæр та сывæллæттæн. Фӕлӕ тренертӕ фидарӕй зӕгъынц: тренировкӕты ӕдасдзинад – ӕппӕты фыццаг. Фӕлтӕрӕнтӕ дӕр ӕвзӕрст цӕуынц скъоладзауты кар ӕмӕ цӕттӕдзинад хынцгӕйӕ, сӕйраг хӕс та у ахуыртӕ æрмæст пайдайаг нӕ, фӕлӕ цымыдисаг скӕнын.
Афтӕ хуымӕтӕг скъолайы тренировкӕйæ сывӕллонӕн йӕ бон у спортивон цардмӕ фыццаг къахдзӕф акӕнын — ног арæхстдзинад балӕвар кӕнын, разæнгарддзинад раргом кӕнынӕн ӕмӕ ног ӕнтыстытӕм фӕндаг байгом кӕнынӕн баххуыс кӕнын.
Сахатмӕ фӕсивӕдӕн бантысы æрмæст архайын нæ, фӕлӕ фӕразондзинад, тых ӕмӕ координаци рапарахат кӕнын дӕр. Афтæмæй рӕзы сӕйрагдӕр миниуæг дæр — физикон архайдмæ разæнгарддзинад ӕмӕ дисциплинӕ.
Проект “Бокс в школы” ӕххӕстгонд цӕуы республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы ӕххуысӕй. Секцитӕ байгом сты Цӕгат Ирыстоны 8 ахуырадон кусæндоны, архайынц дзы 300 скъоладзауӕй фылдӕр. Бонӕй-бонмӕ тренировкӕтӕм фылдӕр фӕсивӕд разæнгард кæнынц.
















