Пожарскийы уынджы хӕдзарыл — æхсай азæй фылдæр цæуы. Культурон бынты объект ӕрӕджы дӕр ма домдта лӕмбынӕг цæстдард. Цӕрджытӕ хъаст кодтой, бæстыхайы сæр кæй тагъд, уымæй ӕмӕ архайдтой фарстатæ аиуварс кæныныл. Ныртæккæ цæрæн бынаты цæуы бындурон цалцæг. Ног кӕнынц уӕлхӕдзар, инженерон хызтӕ ӕмӕ æддаг къултæ. Куыстытæ фӕуынвæнд кæнынц ӕртӕ мӕймæ.
Ахӕм куыстытæ цӕуынц ӕндӕр горӕтты дӕр. Зӕгъӕм, Алагиры цалцӕг кӕнынц бирӕуӕладзыгон хӕдзары сӕр. Специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, цæрæн бынат заууатмæ æрцыд.
2026-æм азы цыбыр ӕмгъуыдмæ нысангонд бындурон цалцӕджы программӕйы фӕлгӕты пълангонд ӕрцыд республикæйы 29 бирӕфатерон хӕдзары сног кӕнын. Абоны бон иуӕй-иу объектты куыстытӕ фесты.
Ацы аз бындурон цалцæг уыцы иу рæстæг цæуы цалдæр здæхтмæ гæсгæ. Программӕмӕ хаст ӕрцыдысты уӕлхӕдзӕртты цалцӕг, инженерон системӕтӕ ӕмӕ лифтыты ифтонггæрзты баивд. Объектты иу хай уыдысты заууат уавӕры.
Хӕдзӕрттӕ программӕмӕ бахӕссынц цӕрӕнуæттæм цæстдарды службæйы мониторингы ӕмӕ хатдзӕгты фӕстӕ. Ацы азы объектты цалцӕг кӕронмӕ баххæст кӕнынвӕнд кӕнынц нысангонд ӕмгъуыдмӕ.
















