Сæ хæстæ иучысыл фæрогдæр сты Тагъд æххуысы станцæйы кусджытæн дæр. Рæуджыты низтимæ рынчынты нымæц кæй къаддæр кæны, уый дохтыртæ раиртæстой адæмы дзæнгæрджытæй дæр. Уыдон дæр фæкъаддæр сты. Уый тыххæй хъусын кæны Тагъд æххуысы станцæйы сæйраг дохтыры хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Беккуызарты Зинæидæ. Ныртæккæ суткæмæ фæкусынц 35 къаретæй.
Тагъд æххуысы диспечерон службæ райста хъусынгæнинаг – рынчыны тыхсын кæнынц рыстытæ. Специалист сбæрæг кодта рынчыны кар, йæ адрис. Дарддæр хъæугæ информациимæ талон бадæттынц сыхаг кабинетмæ æмæ уым снысан кæнынц дохтырты бригад.
Тагъд æххуысы станцæйы куыстыл пандемийæйы рæстæг бафтыд. Суткæмæ иу райстой 1200 хъусынгæнинаджы. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ хъарутæ не вгъау кодтой. Сæ бонæй фылдæр фыдæбон кодтой. Тагъд æххуысы бригадтыл бахъуыд бафтауын. Æрвылбон иу линимæ рацыдысты тагъд æххуысы 45 къаретты.
Фæстаг бонты станцæмæ тагъд æххуысы тыххæй къаддæр дзурын райдыдтой. Суткæмæ 700 хъусынгæнинаджы. Уый мæй размæйы бæрæггæнæнтæй дыууæ хатты къаддæр у. Афтæмæй, фадат фæцис тагъд æххуысы къареттæ 35 онг фæкъаддæр кæнын.
Уавæр ивы æмæ рынчынты уайтагъд фæхæццæ кæнынц, хъæугæ бынатмæ йæ уавæрмæ гæсгæ.
Кæд низ фæсаст, уæддæр дохтыртæ сидынц, цæмæй цæрджытæ санитарон домæнтæ æххæст кæной. Маскæ дарыны фæтк ма халой.
















