Цæгат Ирыстоны ныр цыппæрæм хатт цæуы æфсæддон-техникон форум «Армия-2022»-æм. Абон у форумы фыццаг бон. Уæлдай цымыдис у фæсивæдæн. Сæхи фæлварынц хæцæнгарзæй æхсынæй. Федтой æфсæддон техникæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, форум «Армия-2022» ахæсдзæн æртæ боны. Мадзал бабæрæг кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уæрæсейы æфсады хъомыс федтой нæ уацхæсджытæ дæр.
Дæуджыхъæуы Терчы былгæрон Уæрæсейы тырысатæ дæсгæйттæй дымгæ фæйлауы. Сæ бынмæ та цæттæ сты æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия-2022» байгом кæнынмæ. Мадзалмæ æрбамбырд сты цалдæр сæдæ æфсæддоны. Уæрæсейы æстæм, нæ регионы та арæзт æрцыд цыппæрæм хатт. Форум «Армия» у æфсæддон промышленносты сгуыхтдзинæдты равдыст. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындæй форум йæ дуæрттæ байгом кодта.
«Армия-2022»-æн ис хъомыладон функци æмæ хъахъхъæнынады къабазы бастдзинæдтæ фидардæр кæныны хæс. Царды арæх фенæн кæй нæй, уыцы техникæимæ зонгæ кæнгæйæ фæсивæд равзарынц фидæны дæсныйад. Уый тыххæй дзырдта 58-æм æфсады къамандыгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Игорь Гвозденко дæр. Регионы разамонæгæн равдыстой экспозици. Ис дзы ног хæцæнгарзы цалдæр иуæджы. Æмæ дзы цы нæй. техникæйæ райдай æмæ НАТОйы трофейон хæцæнгарзæй фæу.
Ис дзы æхсæн хæцæнгарзы равдыст дæр. Алы бон фенæн кæй нæй, уый ма ис къухтæм райсæн дæр. Йæ миниуджытæ йын сбæрæг кæнгæйæ, фадат ис дамбаца райхалын æмæ сæмбырд кæнын. Æфсады штаб æрæджы фæхъæхздыгдæр медицинон комплексæй, ифтонггонд у нырыккон технологитæм гæсгæ. Нæ республикæйы цы медицинон эстафетæ ацыд, уым сси уæлахиздзау. Йæ фарсмæ та, йæ пайдадзинад рæстæг кæмæн сфæлтæрдта, уыцы БТР 82. Цымыдисаг у алкæмæндæр. Уæлдайдæр та —сывæллæттæн. Форумы авналæнтæ фенынмæ æрбацæуынц æнæнхъæн бинонтæй. Форумы программæ аххæсдзæн æппæт фæлтæрыл. Техникæйы равдыст, сæрмагонд уæлæдарæс æмæ дæсныйад æвдисæн ахуыртæй уæлдай ма уазджыты зæрдæтæ барухс кæндзысты адæмон коллективтæ. Донбассы цæрджытæ дæр бæрæгбоны архайынц.
















