Ацæргæ адæймагмæ — рæвдаугæ ахаст. Уыдоны æнæмæнг хъæуы æрмæст медицинон нæ, фæлæ психологон æххуыс дæр. Республикон геронтологон центр ацы аз бæрæг кæны йæ юбилей. Ныр 10 азы дæргъы хистæртæ сæхиуыл æнкъарынц æмзонд, æмвæнд коллективы узæлд. Массаж, физкультурæ, озон æмæ судзинтæ, дзæбæхгæнæн диетæйы руаджы дохтыртæ рынчынты сæ къæхтыл слæууын кæнынц. Се уæнгты ист, сæ къахдзæф фæрогдæр вæййы. Æмæ та, сæ кæстæрты цинæн, ног хъарутимæ сæ царды фæндаг адарддæр кæнынц.
Риуыдзаг сулæфт æмæ сындæг раулæфт. Æхсызгон мелодийы зæлтæ æмæ арты сугтæ, арвмæ стъæлфæнтæ æрвитгæйæ, къæрццытæ кæнынц. Ахæм уавæрты адæймаджы йæ сагъæстæ айрох вæййынц. Психологон æххуысы агъуыст пайда у мæстаг хъуыдытæ фæмынæг кæнынæн. Геронтологон центры республикон центры пациенттæн ацы бынат уæлдай уарзон у. Уæдæ гала-камерæ, кæнæ цæххы лæгæт кæй хонынц, уырдæм дæр æнæзивæгæй цæуынц.
Ацы дзæбæхгæнæн агъуыстæн æмбал сыхаг регионты дæр нæй. Гималайтæй цæхх тугзилдухы оргæнтæм туаггуыр хæссы, рæуджытæй рыг æмæ зианхæссæг микроорганизмтæй сыгъдæг кæны, низты ныхмæ лæууæг буæрттæ фылдæр кæны. Пайда — бирæ, уæлдайдæр та Цæгат Ирыстоны уымæл климæты. Центры ацы мадзалæн фидын хъæуы, спайды кæнын дзы алкæй бон дæр у. Елизавета Балиева ныртæккæ цæуы реабилитацийы курс. Алцæмæй æхсызгондæр æм кæсы тренажерты залы архайд. Процедурæты нывæзт афтæ арæзт у, æмæ бонмæ цалдæр дзæбæхгæнæн мадзалы ацæуæн ис.
Лæггæдтæ райсыны тыххæй курдиат бадæттын хъæуы социалон æххуысы центрмæ. Æппæт хъæугæ гæххæттытæ æрæмбырд кæнынмæ дæм уым фæкæсдзысты. Дарддæр дæ суазæг кæндзысты уæздан æмæ фæлтæрдджын медицинон кусджытæ. Ахадгæ æххуыс бакæнынмæ дæр алцæмæй ифтонг сты.
Магнитотерапийы руаджы фервæзæн ис фынæйхъуагдзинадæй, у судзаджы ныхмæ хос æмæ лимфæйы зилдух адæймаджы мидхуылфы. Процедурæтæ æнæмæнг баххуыс кæндзысты куыд физикон, афтæ психологон æгъдауæй дæр. Æрмдæсныйад, арт-терапи — пациентты хорззæрдæ ахаст тынг ахсджиаг у.
“Нæ низтæ нæ ферох вæййынц, — мидбылхудгæйæ дзурынц ацæргæ адæймæгтæ, — зæрондыл æрхæндæг арæх æфты æмæ нæ уымæй фервæзæм ам”. Йæ сæрымагъзы тугзмæлды куыст хæлд кæмæн у, уыдонæн дæр сæрмагонд мадзæлттæ. Уымæй уæлдай, экскурситæ музейтæм æмæ балцытæ горæты рæсугъд бынæттæм.
Центры дзæбæх кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæцæф, уыдоны дæр. Хъыгагæн, бирæ пациенттæ райсыны гæнæтæ нæй, уавæртæ нæ амонынц. Дзæбæхгæнæндон фæуæрæхдæр кæнын сæ бæргæ фæнды, фæлæ уымæн та дзыпп у афтид. Хæрзæрæджы сæм Мæскуыйæ къамис ссыд, ныр йæ тæрхонмæ æнхъæлмæ кæсынц.
Зæронд бæстыхæйттæм базылдысты æмæ уыдоны фидæны фæнд кæнынц цæф æфсæддонты исын. Кæй зæгъын æй хъæуы, хицауады æххуысæй. Рынчыны хос фидар зæрдæ у. Ардыгæй та алкæй сабыр, æвæлмæст зæрдæйыуагимæ арвитынц.