Цæгат Ирыстоны ног тарниз дзæбæхгæнæн диспансер байгом ацы аз уалдзæджы. Сарæзтой йæ раздæры рынчындоны бынаты. Зæронд медицинон уагдон куыста 40 азæй фылдæр. Ныртæккæ ног диспансеры ис æппæт хъæугæ уавæртæ дæр тарнизæй рынчынтæн баххуыс кæнынæн. Сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæмæн поликлиникон хайæдтæ, рентген кæнынæн сæрмагонд хайад. Уымæй уæлдай ма, операцион æмæ реанимацион хайæдтæ.
Ног хуыссæн бынæттæ, рентгенгæнæн кабинеттæ. Уымæй уæлдай ма, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм реанимацион хайад. Тарниз дзæбæхгæнæн диспансеры ныртæккæ ис æппæт хъæугæ уавæртæ дæр, цæмæй рынчыны тыхст фенцондæр уа. Ныртæккæ диспансеры ис 280 рынчыны. Æппæт хостæй дæр сын æххуыс кæнынц лæвар.
Тарниз дзæбæхгæнæн диспансеры сæйраг дохтыр, Малиты Батарбег куыд зæгъы, афтæмæй ахæм уавæрты дохтыртæн дæр фенцондæр ис кусын, стæй рынчынтен дæр сæ низтимæ тох кæнын пайдадæр у.
Диспансеры ис дыууæ операцион хайады. Сæ дыууæ дæр ифтоггонд сты ног нырыккон кусæнгæрзтæй. Се`руаджы операциты рæстæг рынчынтæн раздæрау тæссаг нал у.
Медицинон уагдон байгом ацы аз апрелы. Арæзтадон куыстытæ цыдысты дыууæ азы дæргъы федералон программæ гæсгæ «Цæгат Кавказы федералон зылды рæзт 2025-æм азы онг». Бахардз йыл кодтой 1 миллиард сомæй фылдæр. Диспансеры ис 10 корпусы. Йæ сæйраг дохтыры ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ рынчындоны уæгъд бынат нæй.
Медицинон уагдоны се ‘нæниздзинад фидардæр кæнын фæнд кæнынц Уæрæсейы бирæ регионтæй. Ныр уал диспансеры медицинон лæггæдтæ кæнынц Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн. Фæлæ, иннæ аз фæнд кæнынц уæлæмхасæн бынæттæ саразын. Цæмæй иннæ регионтæй рынчынты бон дæр уа диспансеры сæхи дзæбæх кæнын. Диспансеры кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бацархайдзычты алы рынчынæн дæр баххуыс кæнын.
Хуасдзауты Алинæ
















