Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн балæвар кодтой бæрæгбоны кадæн концерт. Тохы цæхæры чи уыд, уыдонæн бацæттæ кодтой лæгæвзарæн рæстæджыты зарджытæ æмæ цымыдисаг равдыстытæ. Арфæйы ныхæстæ ветерантæ фехъуыстой республикæйы хицауадæй дæр.
Ацы ныхæстæ ахуыргонд не сты. Загъд сты зæрдæйæ. Алы аз Ирон театры фæзмæ æрбацæуынц скъоладзаутæ. Кæд æрыгон сты, уæддæр сын уæлдай нæу.
Скъоладзаутимæ вахтæ хæссынц хæстонтæ дæр. Алы ветераны размæ дæр хъæуы рацæуын æмæ йæ залмæ бахæццæ кæнын. 58 æфсады салдæтты къухты – Советон Цæдисы хъайтарты къамтæ. Сты, Цæгат Ирыстонæй чи ацыд, ахæм хæстонтæ. Æдæппæтæй 70. Фæлæ уыцы номхыгъд афæдзæй-афæдзмæ фылдæрæй-фылдæр кæны. Цæгат Ирыстоны академион театры залы ветеранты суазæг кодтой лæугæйæ. Бархионтæ сын æххуыс кæнынц сæ бынæттæ ссарынæн. Залы къух бакæнæн нал ис. Концерт райдыдта. Кадджын уавæры сценæмæ рахастой нæ бæстæйы æмæ нæ республикæйы тырысатæ.
Арфæйы ныхæстæ ветерантæ ракодта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.
Сценæйыл снывæзтой, адæймаджы зæрдæйы арф чи ахизы, ахæм равдыст. Аивæдты колледжы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой цымыдисаг скъуыддзæгтæ. Хæсты заманы концлагерьты æцæгæйдæр цы æвирхъау цаутæ æрцыд, уыдоны тыххæй. Зæрдæ сæм суынгæг вæййы. Сæ сæйраг темæ – миддунейы фидар миниуджытæ æмæ уарзты тыхы ахсджиагдзинад.
Ирон театры галуаны фехъусæн уыд хæстон æмдзæвгæтæ, зарджытæ, æвдыстой дзы национ кæфтытæ дæр. Мадзал сарæзтой ветеранты кад æмæ намысæн. Хъæуы сæм æмбæлгæ цæстæнгас. Сæ хъæбатырдзинад та, уадз, цæрæд мыггагмæ. Хъулаты Юрий, Брытъиаты Феликс, Виктория Базгадзе, Суанты Алан, Ирыстоны хабæрттæ.
















