Фæлладуадзæн бонты Ирон театры йæ 75 азон юбилей сбæрæг кæндзæн Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæргæсты Дзамболат. Растдæр зæгъгæйæ та дзы уыдзæн йæ номыл аивадон изæр. Радисдзысты дзы спектакль «Æз дæр дæ куы уарзын», зæгъгæ. Театрдзаутæн уыдзæн хорз фадат сæ уарзон артисты радон хатт тыхджын къухæмдзæгъдæй сбуц кæнын.
Театры низæй иу хатт чи фæрынчын вæййы, уый дзы нал сдзæбæх вæййы. Артист сценæмæ куы рацæуы, уæд хуымæтæджы йæ хæс не ‘ххæст кæны. Йæ алы дзырд, йæ алы фезмæлд фæлæвар кæны театрдзауæн. Актеры хæзнаты къæбицæн нæй байсысæн, ис ын æрмæстдæр фæхъæздыгдæр кæнæн. Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæргæсты Дзамболат æм ахадгæ æвæрæн бахаста.
Сæйраг рольтæ, уыимæ сæ фылдæр – комедиты. Дзамболат райгуырд Кировыхъæуы. Йæ сабийы бонтæй кæд йæ зæрдæ нæ рухс кодта, уæддæр дзы рауад зæрдæргъæвд лæппу. Йæ зæрдæ аивадмæ `хсайын райдыдта скъолайы. Йæ ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ, цалдæр хатты фæлваргæ дæр кодта театралон училищæмæ ахуыр кæнынмæ бацæуын. Фæлæ йын басæттын нæ куымдта. Йæ бæллиц сæххæст æрмæст 60-æм азты. 1969-æмы каст фæцис Мæскуыйы Щукины номыл театралон училище. Нæ баззад, цæхæртæ чи калдта, фадæттæ уæрæх кæм уыдис, уыцы егъау горæты. Æрыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ.
Театрдзаутæн Цæргæсты Дзамболат зонгæ у бирæ спектакльтæй: «Мæ усы лæг», «Хъæддаг чызг». «Сæтти æмæ Бæтти», «Нæ усгур алыгъд», «Зæлийы чындзытæ», «Ирæттæ», «Фыдыуæзæг» æмæ `ндæртæ. Фæлæ йæ адæм тынгдæр бахъуыды кодтой Цолайы ролæй. Суанг ма йæ фырбуцæн кæрæдзийы `хсæн уыцы номæй хонын дæр райдыдтой. Цыфæнды актер та уый йе стырдæр амондыл фæнымайы.
Йе мкусджытæ Дзамболатæй сæрыстыр сты. Фæзминаг хистæр кæм хъæуы, уым зонд бацамондзæн, раст фæндагыл сараздзæн. Хуымæтæджы нæу сценæйы дæсны. Уæлдайдæр, хъуыддаг импровизацимæ куы `рцæуа, уæд.
Театрдзау сценæмæ кæсгæйæ кæддæриддæр бафты æнкъарæнты зилдухы, фидардæр æмæ нуарджындæр кæны йæ удварн. Дзамболаты ныхæстæм гæсгæ, театр цард айдæнау æвдисы. Чи цавæр у, цæмæ тырнæм, цы хорзæхтæм бæллæм, хæзнатыл цы нымайæм, уыдæттæ. Уыцы зондыл æфтыд уыдысты йе `мдугон актертæ иууылдæр. Арæх æрымысы Цæргæсы-фырт, сценæмæ рахизын ын æнцон кæимæ уыдис, йæ уыцы зындгонд хæлæртты.
Дзамболаты стырдæр бæллиц уыдис Къарол Лиры сурæт саразын. Фæлæ азтæ кæрæдзийы фæдыл халæй куыд атæррæст кодтой, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Йæ бæллиц дæр ын семæ ахастой.
Курдиат фæндонæй ссарга хæзна нæу. Уый Хуыцауы стыр лæвар у. Йæ тых, йæ хъомыс бирæ сты. Дзамболат адæмы зæрдæтæ ныр цæмæй барухс кæны, уый успектакль «Зæлийы чындзытæ». Бабар ын кодтой Къуызыры роль. Уацмыс ирдæй æвдисы алы фæлтæрты ахастдзинæдтæ. Актертæ йæ саив кодтой зæрдæйы хъарм æмæ арф мидæнкъарæнтæй. Йæ сурæтыл зæрдиагæй кусы адæмон артист Цæргæсты Дзамболат дæр. Уымæн æмæ сценæйы дæсны у, уымæн æмæ ирон аивадæн лæггад кæнын йæ царды нысан ссис. Хуыцаубоны йын Ирон театры сараздзысты аивадон изæр, сбуц æй кæндзысты кадджын уавæры. Æнæзæрдæхудт фæллой кæй номыл фæкодта, уыцы аивадуарзджытæн та ма иу хатт фадат уыдзæн сæ уарзон артистæн «бузныг» зæгъынæн. Нæ телекомпанийы къорды номæй мах дæр Цæргæсты Дзамболатæн арфæ кæнæм! Бирæ ма йын бантысæд!
Брытъиаты Феликс
















